Форумы разамонæг Дмитрий Донецкий радзырдта фембæлды архайджытæн цавæр ногдзинæдтæ бацæттæ кодтой аразджытæ ацы азмæ.

Форум «Машук-2019»-ы регистраци гом уыдзæн 7 июльмæ. Цавæр уыдзæн юбилейон 10-æм лагерь дзырдтой абон Цæгат Ирыстоны Паддзахадон Университеты ЮНЕСКОЙЫ конференцийы залы.

Форумы разамонæг Дмитрий Донецкий радзырдта фембæлды архайджытæн цавæр ногдзинæдтæ бацæттæ кодтой аразджытæ ацы азмæ. «Машук-2019» 9-æй 30-æм августмæ æрæмбырд кæндзæн Пятигорскы 3000 адæймаджы Цæгат Кавказы æппæт регионтæй. Ивгъуыд аз архайджыты нымæц уыди 2000.

Ацы хатт лагер ацæудзæн æртæ сменæйæ. Фыццаг уыдзæн бизнес æмæ технологиты тыххæй. Дыккаг -социалон фарстатæ райхалын æмæ нациты хсæн ахастдзинады тыххæй. Æртыккаг та Цæгат Кавказы Федералон Зылды фæсивæды разамонæгы миниуджытæ сбæлвырд кæнын. Грантты фонд дыууæ фыццаг сменæйæн у 85 милуан сомы. Æртыккагæн – 30 милуан сомы.

Архайджытæ фембæлдзысты форумы зындгонд уазджытимæ.Се хсæн паддзахадон архайджытæ, кино æмæ театры артисттæ æмæ музыканттæ. Зæрдыл æфтауæм, форуммæ бавдыст радтын уæ бон у Росмолодежы сайты.