Уӕрӕсейы фӕсивӕд сбӕрӕг кодтой Студенты бон. Уый фӕдыл Цӕгат Ирыстоны Хетӕгкаты Къостайы номыл университеты ацыдысты бӕрӕгбоны мадзӕлттӕ.

Ног аз университеты цард ацы бӕрӕгбонӕй кӕй райдыдта, уый вазыгджын цау у. Уымӕн ӕмӕ ацы аз университетыл ӕххӕст кӕны 100 азы. Дыккаджы та, Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты Уӕлахизы боныл ӕххӕст кӕны 75 азы. Нӕ бӕстӕйы Президент бафыста Указ, цӕмӕй 2020 аз — Зӕрдылдарӕн ӕмӕ Намысы азыл нымад ӕрцӕуа. Университеты къӕсӕрӕй хӕсты быдырмӕ барвӕндонӕй ацыдысты студенттӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ. Сӕдӕ адӕймаджы дзы нал ӕрыздӕхт. Сӕ ном сыгъзӕрин дамгъӕтӕй фыст ӕрцыд нӕ бӕстӕйы историйы, университеты кӕрты та сын ӕвӕрд ӕрцыд цыртдзӕвӕн.

Студентты бӕрӕгбонмӕ арфӕтимӕ ӕрбацыдысты РЦИ-Аланийы ахуырад ӕмӕ наукӕйы министр Людмилӕ Башарина, Дзӕуджыхъӕуы муниципалон сконды сӕргълӕууӕг Икъаты Русланбег, Дзӕуджыхъӕуы администрацийы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Бӕройты Хасан, фӕсивӕды хъуыддӕгты фӕдыл комитеты сӕрдар Джусойты Славик, ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан ӕмӕ президент Мӕхӕмӕтты Ахуырбег.

Нӕ республикӕйы ахуырад ӕмӕ наукӕйы министр Людмилӕ Башарина зӕрдиаг арфӕтӕ ракодта Ирыстоны фӕсивӕдӕн-студенттӕн ӕмӕ загъта, ӕрыгон азтӕй удӕн зынаргъдӕр ӕмӕ мысинагдӕр кӕй ницы ис.

— Ӕппӕты амондджындӕр ӕмӕ бӕллиццагдӕр рӕстӕджытӕ сты студенты азтӕ. Ӕз уӕм хӕлӕг кӕнын. Уымӕн ӕмӕ студенты дуг у — ӕрыгондзинад, уарзт ӕмӕ рӕсугъд фӕндӕгтыл ацӕуыны бӕллицты рӕстӕг. Алы бонӕн дӕр зонут аргъ кӕнын, азтӕ уыл куы рацӕуа, уӕд стыр ӕхсызгонӕй мысдзыстут студентон цард, — загъта министр.

ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан та радзырдта, студентон боны рӕвзӕрды фӕдыл.

— Арфӕ кӕнын канд студенттӕн нӕ, фӕлӕ ахуыргӕнджытӕн, профессортӕн дӕр, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕр ӕрвылбон сты ахуыры «уацары». Университеты ахуырады истори райдыдта ӕстдӕсӕм ӕнусӕй, Уӕрӕсейы ус-паддзах Елизаветӕ 1755 азы, сыгъдӕг уд Татьянӕйы бон, 25 январы, Указ бафыста Мӕскуыйы университет ӕмӕ дыууӕ гимназы байгом кӕныны фӕдыл. Уыцы азӕй фӕстӕмӕ 25 январ нымад цӕуы Мӕскуыйаг университеты боныл. Сыгъдӕг Татьянӕ та — студентты бардуагыл, аудӕгыл.

2005 азы та нӕ бӕстӕйы Президент Владимир Путин бафыста Указ — 25 январ Уӕрӕсейы — Студентты боныл нымайын. Ахуырад у алы нацийы сӕрыстырдзинад. Мах нӕ зӕрдыл дарӕм, нӕ университетӕй Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕстмӕ чи ацыд ӕмӕ чи нал ӕрыздӕхт, уыцы студентты ӕмӕ ахуыргӕнджыты. Уыдон Райгуырӕн бӕстӕйы сӕрибардзинады сӕраппонд ӕнӕвгъауӕй радтой сӕ цард ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст кодтой сӕ сӕйраг фӕлварӕн. Студентон азтӕ ӕвӕрынц алы ӕрыгон адӕймаджы уды ӕмӕ зӕрдӕйы дӕр сӕйраг профессионалон миниуджытӕ. Ӕмӕ Стыр Хуыцау зӕгъӕд, уӕ зонындзинӕдтӕй нӕ бӕстӕйы фӕрныгадӕн куыд спайда кӕнат, — загъта Огъуаты Алан.

Студенттӕн арфӕтӕ ракодта Мӕхӕмӕтты Ахуырбег дӕр. Уый загъта, ахуыры азтӕ канд цымыдисаг кӕй не сты, фӕлӕ равзӕрст дӕсныйӕдты фӕндӕгтыл цӕуынӕн ӕппӕты ахъаззагдӕр мадзӕлттӕ, зонындзинӕдтӕй хи сифтонг кӕныны рӕстӕджытӕ. Ӕмӕ сыл кусын бирӕ кӕй хъӕуы, уый фӕдыл.

Бӕрӕгбоны студенттӕ бацӕттӕ кодтой алыхуызон равдыстытӕ, спортивон ӕмӕ культурон мадзӕлттӕ. Уыдис дзы театралон равдыстытӕ, кӕфтытӕ ӕмӕ ерыстӕ.