Уæрæсейы рухсады министры хæдивæг Дмитрий ГЛУШКО куыд фехъусын кодта, афтæмæй ацы аз абитуриенттæ  уæлдæр ахуыргæнæндæттæм фæлварæнтæ дæтдзысты æрмæст дыууæ  предметæй.

— Уæлдæр скъолаты  ахуыр кæнын кæй фæнды,  уыдоны хæс уыдзæн  фæлварæнтæ равзарын æмæ Иумæйаг паддзахадон фæлварæн раттын. Æппæт бæстæйы Иумæйаг паддзахадон фæлфарæн дæтдзысты иумæйаг фæткмæ гæсгæ, — загъта Дмитрий Глушко.

Уæлдæр ахуыргæнæндæттæм  бацæуынмæ чи нæ хъавы,  уыцы рауагъдонтыл Иумæйаг паддзахадон фæлварæн дæттыны хæс æвæрд нæ уыдзæн: аттестатты сын бæрæггæнæнтæ сæвæрдзысты афæдзы бæрæггæнæнтæм гæсгæ. «Рособрнадзор» æмæ Рухсады министрад  коронавирусы  уавæрты фæлварæнтæ дæттынмæ кæуыл бакуыстой, уыцы домæнтæ сты: фæлварæндæттæг адæймæгтæ баддзысты кæрæдзийæ дард ран, сæ тæвд сын сбардзысты, стæй сын сæ къухтæ сыгъдæггæнæн æрмæгæй байсæрддзысты.