Ирон адæмы рухсмæ тырнындзинад бæрæггонд æрцыд, императрицæ Екатеринæ II йæ фыстæджы Астраханы губернатормæ цы фыста, уымæй: «Нæй хуыздæр мадзал ирæтты Уæрæсейыл æнувыдуæвæгæй хъомыл кæнын, рухсмæ сæ кæнын».
Ирон адæмы зындгонд хъæбул Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста фæдзæхста йæ кæстæртæн аразын «иу иумæйаг аргъуан, рухсады, сæрибардзинады æмæ уарзондзинады аргъуан». Сæдæ азæй фылдæр – 21 августы 1920 азы – горæт Дзæуджыхъæуы байгом Терчы адæмон ахуырады институт – фыццаг Кавказы æмæ, фыццæгтæй иу та нæ бæстæйы, уæлдæр педагогон ахуырады уагдон. Ацы хабарæн ис æцæгæйдæр эпохалон нысаниуæг – сæххæст адæмы хуыздæр фæлтæрты минæвæртты бæллиц.
- Институт саразыны организацион комитеты уæнг Æлборты Барысби фыста «Институты ахуыртæ байгом сты цæхæртæкалгæ агъуысты. Уый уыдис раздæры Æфсæддон ахуыргæнджыты семинари. Уыцы бон ардæм æрцыд æнæкæрон бирæ ахуыргæнджтæ, ахуырдзаутæ æмæ бынæттон цæрджытæ».
Институты фыццаг директор ссис Цæгат Кавказы интеллигенцийы хъуыстгонд хуыздæр минæвар Хъесаты Георгий. Институт йæ куыст райдыдта дыууæ факультетæй: æхсæнадон-историон æмæ физикон-математикон. Факультетты нымады уыдис цыппар хайады. Байгом ма ис фæлварæн-æвдисæн скъолатæ фыццаг æмæ дыккаг къæпхæнты, кабинеттæ: æхсæнадон-историон, кавказзонæн, физикон, æрдзон-географион æмæ кусæн процессты. Институты дыккаг директорæй нысангонд æрцыд æнæхъæн Цæгат Кавказы фыццаг профессор, зынгæ лингвист Æлборты Барысби.
- 1921 азы Терчы облæст рацарæзтæуыд Хæххон Автономон Советон Социалистон Республикæмæ. Уымæ гæсгæ уæлдæр ахуырад схуыдтой «Хæххон педагогон институт». 1922-1923 ахуыры азы райдыдта кусын куыд «Хæххон адæмон ахуырады практикон институт».
24 октябры 1923 азы Уæрæсейы Федерацийы ахуырады Адæмон комиссариат уынаффæ рахаста: «Хъæугæйыл (растыл) нымайын иугонд педагогон институт саразын Цæгат Кавказы горæт Дзæуджыхъæуы, уыимæ сæхгæнын Кубайнаг институт горæт Краснодары. Сæ фæллой æмæ студенттæ ивд æрцæуæд горæт Дзæуджыхъæумæ».
Фæстагмæ «Хæххон» ивд æрцыд «Цæгат Кавказы педагогон институт»-æй. 1931-1932 ахуыры азы ма иу хатт ивд æрцыд фыст: «Хæххон агро-индустриалон педагогон институт». Уæлдæр ахуырады скъолайы арæзт цæуынц ног хайæдтæ: педологон-педагогон, химион-техникон, физикон-технологион æмæ æхсæнадон-литературон уырыссаг, ирон, кæсгон-черкессаг, хъæрæсе-балхъайраг дæлхайæдтимæ.
- 20 æнусы æртынæм азты Цæгат Кавказы тагъд рæзыди националон скъолаты хуызтæ (сеть), фылдæрæй-фылдæр кодта скъоладзауты нымæц дæр. Уыцы рæстæджы æппæт бæстæйы дæр байгом сты иумæйаг æппæтадæмон ахуыркæнынад скъолаты фыццаг къæпхæны æмвæзадыл. Уæд ма ноджы крайы адæмон ахуырады оргæнтæ уынаффæ рахастой райдайæн кълæсты предметтæ мадæлон æвзагыл ахуыр кæнын. Ам фæзынд фарст ахуыргæнджытæ цæттæ кæнын канд мадæлон æвзаг амонынæй нæ, фæлæ ма иннæ предметтæ дæр мадæлон æвзагыл амонынæй. Ацы фарст ссис актуалон.
Хæххон агро-индустриалон педагогон институты бон нæ цыди æнæхъæнæй ахуыргæнджыты националон кадртæй регионы домæнтæ æххæст кæнын. 7 июлы 1932 азы УСФСР адæмон комиссарты Совет уынаффæ рахаста Цæгат Ирыстоны, Цæцæн-Мæхъæлы æмæ Кæсæг-Балхъары педагогон институттæ саразын. Сæ арæзтады пайдагонд цыдысты Хæххон агро-индустриалон пединституты хайæдтæ 7 азон скъолатæн ахуыргæнджытæ бацæттæ кæнынæй. Уыимæ цæттæ цыдысты дыууæ педагогон институты: 2-аг Цæгат-Кавказаг æмæ Ирон.
- 2-аг Цæгат Кавказаг институт райдыдта йæ куыст 10 хайады нымадимæ. Ам уыдис изæрон æмæ фæсаууонмæ ахуыры сектортæ. Арæзт цыдысты профессортæ æмæ ахуыргæнджыты дæсныйад фæуæлдæр кæныны алыхуызон мадзæлттæ, арæхстджын специалисттæ куыстмæ исын. Институты фыццаг директорæй нысангонд æрцыд доцент Халид Ошаев – зынгæ цæцæйнаг фыссæг.
Институты уыдис аспирантурæ, кæцыйы 15 сентябрмæ 1932 азмæ ахуыр кодтой 75 адæймаджы, 16 адæмыхатты минæвары. Æнтыстджынæй куыстой фæсивæд аспирантурæмæ бацæттæ кæныны курсытæ, кæцытæ уæлдæрамынды рæстæгмæ уыдысты 72 адæймаджы. Декабры 1932 афæдзон аспирантурæйæ рацыдис 18 адæймаджы. Се ‘хсæн уыдис ирæттæ, уырыссæгтæ, балхъайрæгтæ, мæхъæлæттæ, лезгинтæ æмæ ма ноджы æндæр адæмыхæттытæ. Уыцы аз скъолатæ райстой 71 ахуыргæнæджы.
Цæгат Кавказы дыккæгæм педагогон институты коллективы бирæвæрсыг сфæлдыстадон цард 1928 азæй 1930 азы 20 июлмæ баст уыд директор Гæдиаты Цомахъы номимæ – фыссæг, ирон интеллигенцийы зынгæ минæвар.
Ирон педагогон иституты уыди цыппар хайады: историон, литературæ æмæ æвзаг, физикон-математикон æмæ æрдззонæн. Дыууæ педагогон институты дæр зæрдиагæй хъахъхъæдтой куыстæн йæ райдайæны мидис æмæ дарддæр дæр архайдтой хорз ахуыргæнджытæ бацæттæ кæныныл, куыст алыхуызон методикон формæтæй æмæ мадзæлттæй хъæздыг кæныныл, уыимæ ма арæхстджынæй куыстой студентты контингент фæуæрæхдæр кæныныл.
Дзæуджыхъæуы педагогон институттæ, куыд райрæзты базæ регионты хицæн педагогон уæлдæр ахуырдæттæн, 1937-1938 ахуыры азмæ сæххæст кодтой сæ историон минæварад. Сæ æрвылбоны æххуысы фæрцы Грознайы, Махачкалайы æмæ Нальчикы институттæ æрфидар, æрбындурон сты организацион æмæ материалон æгъдауæй, ифтонг æрцыдысты наукон-педагогон кадртæй, кæцытæн сæ фылдæр хай уыдис Цæгат-ирон педагогон уæлдæр ахуырдонæй.
- Августы 1938 азы нæ бæстæйы хицауады бардзырдмæ гæсгæ уынаффæ рахастой баиу кæнын Цæгат Кавказы дыккаг æмæ Ирон педагогон институттæ. Ног уæлдæр ахуырдон райста ном «Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институт». Йæ масштабтæм гæсгæ райста æртыккаг бынат Советон Цæдисы уæлдæр ахуырадон уагдæтты ’хсæн
Иу азы фæстæ уæрæхгонд Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты царды æрцыдис историон цау: лæвæрд ын æрцыдис ирон литературæйы бындурæвæрæгХетӕгкатыКъостайы ном. Уый æрцыд, поэт, публицист, нывгæнæг æмæ æхсæнадон архайæджы гуырæнбоны 80 азы куы бæрæг кодтой, уыцы рæстæджы.
1940 азы бæрæггонд цыдис институты байгомыл 20 азы бон. Институты кусджыты къорд бацæттæ кодта сæрмагонд рауагъд «Ахуыргонд фыстытæ», кæцыйы уыдис ахæм рæнхъытæ: «Афтæ, 2495 фæлтæрдджын кусæджы ацыдысты нæ æгæрон Цæдисы æппæт скъолатæм. Уыдон æрмæст Цæгат Ирыстоны автономон социалистон республикæйы нæ кусынц. Сты Дард Хурыскæсæны, Ныгуылæн Белорусы, Украинæйы, Уралы, астæуккаг облæстыты, Цæгат Кавказы, Фæскавказы Сау денджызæй Хъаспы денджызмæ…»
- Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фыццаг бонæй институт йæ куыст рацарæзта хæсты рæстæджы домæнтæм гæсгæ. 1942 азы Цæгат Ирыстоны зæххыл цыдис карз тох немыцаг фашисты ныхмæ. Институты кусджыты хъæппæрисæй арæзт цыдис бирæ актуалон мадзæлттæ, кæцыты руаджы республикæйы адæм разæнгарддæр кодтой куыстмæ, бæрзонддæр кодта сæ патриотон хъомыс.
Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон педагогон институтæй æдæппæт 600 адæймаджы – студенттæ, ахуыргæнджытæ, кусджытæ ацыдысты сæхи фæндонмæ гæсгæ, кæнæ та сæм фæсидтысты Сырх Æфсады рæнхъытæм Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ. Бирæтæн дзы нæ бантыстиУæлахизы бонмæ фæцæрын. Сæдæ адæймагæй фылдæр нал сыздæхтысты хæстæй. «Сæйраг фæлварæн раттынмæ фæцыдыстут сымах, уæ удтæй бахъахъхъæдтат Райгуырæн бæстæ», – ахæм фыст ис, чи фæмард хæсты быдыры, уыдоны цыртдзæвæныл университеты кæрты.
Хæсты фæстæ азты райдыдта институты гуылфгæнгæ райрæзт. 1945-1946 ахуыры азы байгом ис фæсарæйнаг æвзæгты факультет. Уый уыдис Советон Цæдисы чысыл ахæм ахуырадон дæлхайадтæн сæ иу. 29 январы 1947 азы ССРЦ Министрты Совет уынаффæ рахаста байгом кæнын физикон хъомылады факультет.
Уæлдæр ахуырады фæскомцæдисонтæ æмæ фæсивæд активонæй архайдтой наукон æмæ литературон къордты, спорты, аивадон хæдархайды. Райгуырæн бæстæйы сæраппонд кодтой стыр куыст. Сæдæгай студенттæн лæвæрд æрцыди майдантæ «Зæрæстон зæххытæ бакусыны тыххæй».
- 2 ноябры 1969 азы ССРЦ министрты Советы Сæрдар Алексей Косыгин бафыста уынаффæ горæт Орджоникидзейы Цæгат-Ирыстоны педагогон институты бындурыл (базæйыл) байгом кæнын Цæгат-Ирыстоны паддзахадон университет. ССРЦ уæлдæр æмæ астæуккаг сæрмагонд (спец.) ахуырады министрады Æппæтцæдисон юридикон институты æмæ Советон базарады фæсаууонмæ институты, УСФСР базарады министрады ахуырадон-консультацион пунктты функцитæ, кæцытæ архайдтой Дзæуджыхъæуы. Фыццаг ректорæй нысангонд (æвæрд) æрцыд Цыбырты Христофор. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет ссис цыппорæм Советон Цæдисы.