Ног аз у нæ уарзондæр, уæлдай тынгдæр кæмæ фенхъæлмæ кæсæм, ахæм бæрæгбон. Нæ хуыздæр, райдзастдæр фæндтæ уæдмæ æрхæссæм, хатдзæгтæ скæнæм ивгъуыдæй, фидæнмæ нысантæ сæвæрæм.

Æгас Уæрæсейæн дæр, Цæгат Ирыстонæн дæр, алкæмæн дæр нæ 2021 аз вазыгджын рауад. Фæлæ уæддæр кæрæдзи фарсмæ кæй уыдыстæм, нæ ныхас кæрæдзимæ кæй хъуыстис, уый фæрцы нæ фæцудыдтам. Нæ къухы бафтыд иуæй-иу риссагдæр фарстатæ алыг кæнын. Не ‘ппæтæн дæр ахсджиаг сты удварны хæзнатæ, кæрæдзиимæ хæларæй цæрын, кæрæдзийæн аргъ кæнын, уыдоныл æнцайгæйæ бирæ хъуыддæгтæ ис саразæн.

Мах нырма бирæ ахсджиаг хъуыддæгтæ хъæуы скæнын. 2022 аз хуымæтæг æмæ æнцон рауайдзæн æви нæ, уый нæ алкæй зондахаст æмæ архайдæй аразгæ уыдзæн. Нæ тырнындзинад, хъæппæрис æмæ намысджын куысты руаджы, æнæмæнг, уавæр аивдзæн.

Зынаргъ æмбæлттæ! Уадз, æмæ Ног азы уе ‘ппæт бæллицтæ дæр сæххæст уой! Сабыр цард, бирæ хæрзтæ, фидар æнæниздзинад, амонд æмæ фарн. Ног аз уын цинæйдзаг хъуыддæгтæ æмæ æнтыстытæ æрхæссæд!

Ног 2022 азы хорзæх уæ уæд!