Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет, Уæрæсейаг æхсæнад «Зонад» æмæ Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы Министрад тæргæйтты мæйы 13 бон байгом кодтой интеллектуалон конкурс «ЦИПУ-мæ бацу «Зонад»-имæ».
Проект арæзт у скъоладзаутæн сæ профессионалон хиæмбарынады æххуысæн, сæ индивидуалон арæхстдзинæдтæ раргом кæнынæн æмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы социалон-экономикон райрæзтæн хъæугæ дæсныйæдтимæ базонгæ уæвынæн.
Скъоладзаутæн сæ бон уыдзæн базонын Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты сæйрагдæр дæсныйæдтæ: ирон æвзаг æмæ литературæ, физикæ, хими, биологи, географи. Проекты лекцитæ æмæ мастер-классты фæстиуджытæм гæсгæ хæстæ сæххæст кæнæг активондæр архайджытæн сæ бон уыдзæн райсын ЕГЭ-ты æмæ ЦИПУ-мæ цæугæйæ уæлæмхасæн 3-5 баллы.
Конкурс цæудзæн 2 хайæ: 2025 азы тæргæйтты мæйæ зæрдæвæрæны мæймæ æмæ 2025 азы рухæны мæйæ 2026 азы зæрдæвæрæны мæймæ.
Тæргæйтты мæйы 13 бон официалон æгъдауæй проект йæ куыст райдыдта. Æрыдоны 1-æм иумæйагахуырадон скъолайы ахуырдзаутæн мастер-класстæ равдыстой ЦИПУ-йы ахуыргæнджытæ, Уæрæсейаг æхсæнад «Зонад»-ы лектортæ æрдзон наукæтæй æмæ ирон филологийæ. Æгасцуйы ныхас ахуырдзаутæн загъта Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ахуырады хайады проректор Зæгæлты Зæлинæ.
«Уæрæсейаг æхсæнад «Зонад»-имæ иумæ æмæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы Министрадимæ мах бацæттæ кодтам сымахæн программæ, арæзт у лекцитæй, мастер-класстæй æмæ конкурсон хæслæвæрдтæй æрдзон наукæтæ æмæ ирон филологийы дисциплинæтæй. Ахæм предметтæ цæмæн равзæрстам? Иуæрдыгæй, нæ националон культурæ аразæг иуæг ирон æвзаг æмæ литературæмæ цымыдисдзинад æмæ уарзондзинад, иннæрдыгæй та, конкурсы архайд уын æххуыс уыдзæн уæ зонындзинæдтæ æрдзон наукæтæй парахат кæнын. Фидæны уæ бон уыдзæн æрдзон-наукон ахуырад райсын æмæ Уæрæсейы Федерацийы суверенитеты технологион сгуыхтдзинæдтæм хи бахæссæнтæ бафтауын», – загъта Зæгæлты Зæлинæ.
Мадзæлттæ ацæудзысты офлайн-, онлайн- æмæ хæццæ уавæрты республикæйы ахуырадон уагдæтты фæзуæтты. Скъоладзаутæн кæсдзысты лекцитæ, араздзысты мастер-класстæ æмæ интеллектуалон ерыстæ Уæрæсейаг æхсæнад «Зонад»-ы лектортæ, уыдоны фæрцы скъоладзаутæ бæстондæр бамбардзысты равзæрст дисциплинæтæ æмæ сæ царды куыд хуыздæр ис спайда кæнæн ис, уый.
«Иумæйаг хъæппæрисы сæйраг нысан у республикæйы иумæйагахуырадон скъолаты ахуырдзаутæн дасныйад равзарынмæ баххуыс кæнын, сæ цымыдисдзинад æмæ регионы домæнтæ хынцгæйæ», – загъта Уæрæсейаг æхсæнад «Зонад»-ы хайады разамонæг Гæбæраты Каринæ.
Проекты кæй фæнды архайын, уыцы скъоладзаутæ хъуамæ ныууадзой сæ курдиат ссылкæмæ гæсгæ ацæугæйæ.