ЦИПУ-йы Ахуыргонд советы залы, 5-æм æрсидты æмбырд сарæзты агъоммæ, ацыд РЦИ-Аланийы Фæсивæдон парламенты уæнгты фембæлд университеты студенттимæ.

Фембæлд байгом кодта РЦИ-Аланийы Парламенты национ политикæ æмæ фæсивæдимæ куысты комитеты сæрдар Джиоты Георгий. Уый фæбæрæг кодта, Фæсивæдон парламенты уæнгтæм бахызт æрыгон фæлтæрæн кæй ратдзæн фадат æхсæнадон-политикон куыст кæнынæн æмæ хи социалон проекттæ аразынæн.

Фæсивæдон парламенты уæнг Кæркуысты Георгий радзырдта уагдоны арæзт æмæ куыстыл, Фæсивæдон парламенты 4-æм æрсидты æмбырды дæсныйады тыххæй, цы проекттæ, цы патриотон æмæ социалон акцитæ сæххæст кодтой, уый фæдыл. Уый хыгъд, сæрмагонд хæстон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн æххуысы фæдыл мадзæлттæ, донорон акцитæ, Анапæйы экологон бæллæххы фæстиуджытæ фæиуварс кæныны æххуыс æмæ бирæ æндæртæ.

Фæсивæдон парламентмæ бахызты, курдиат бадæттынмæ æнæмæнг хъæугæ гæххæттыты тыххæй радзырдта студенттæн Осяев Давид.

Электрон хуызы схъæлæс кæныны фæстæ равзардзысты фæсивæдон парламенты 5-æм æрсидты æмбырдмæ 35 уæнджы дыууæ азы æмгъуыдмæ. Курдиат бадæттæн уыдзæн зæрдæвæрæны 30 бонмæ. Схъæлæс кæнæн уыдзæн электрон хуызы хурхæтæны 13 бонæй 15 бонмæ. Æххæст информаци уагдоны электрон сыфыл (https://t.me/mp_alania/614).

Студентам СОГУ рассказали как вступить в Молодежный парламент республики