Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты разамонджытæ фембæлдысты фыццагкурсонтимæ. Ацы мадзал арæзт æрцыд, цæмæй студенттæ æнцондæрæй фæцахуыр уой университетмæ æмæ сæ размæ цы гæнæнтæ ис, уыдон базоной.
Ацы аз алыхуызон ахуырадон программæтæм гæсгæ университетмæ бацыд 2157 адæймаджы, се ‘хсæн 46 минæвары æндæр регионтæй.
Фыццагдæр студенттæм йæ ныхасимæ рацыд ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан. Уый раарфæ кодта фыццагкурсонтæн, сæ царды ног къæпхæнмæ кæй схызтысты, уый фæдыл. Фæнысан кодта, ахæм хатдзæгтæм цы æнтыстыты фæрцы æрцыдысты, уый.
«Университет удæгас буар у. Фыццаджы дæр – адæм: раздæр дзы чи куыста, нырæккæ дзы чи кусы æмæ дзы фидæны чи кусдзæн. Университеты цыдæриддæр цæуы, уый у нæ иумæйаг цард. Арфæ ма уын кæнын иу хатт, Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты студенттæ кæй стут, уый фæдыл æмæ нын тынг æхсызгон у, мах университет кæй равзæрстат, уый. Мæ зæрдæ дарын, алчи дæр уæ йæ бынат кæй ссардзæн, йæ курдиат кæй раргом кæндзæн æмæ цы снысан кодта, уый сæххæст кæндзæн», – загъта Огъуаты Алан.
Ахуырадон уагдоны ректоры хæдивджытæ студенттæн радзырдтой университеты дæсныйæдты тыххæй. Базонгæ сæ кодтой ахуырадон æмæ зонадон гæнæнтимæ, уыимæ студентон олимпиадæтæ æмæ грантты æххуысæй программæты архайын дæр сæ бон кæй у.
Фæсивæдон политикæмæ цы фæрстытæ хауы, уыдон дæр бамбарын кодтой студенттæн – социалон æххуысы фадат, æмдзæрæны цæрыны гæнæнтæ, хи куыд дарын хъæуы æмæ уæлæдарæсы æддаг бакаст цавæр хъуамæ уой. Уымæй уæлдай базыдтой сæ бартæ æмæ профсоюзон организацийы куысты тыххæй.
Фембæлды кæрон Огъуаты Алан бафæдзæхста фыццагкурсонтæн хорз ахуыр кæнын æмæ архайын æлывæрсыг рæзтыл сæ студентон царды рæстæг.
«Уырны нæ, уæ фæндон æмæ уæ тырнындзинад уæ кæй æркæндзысты æнтыстытæм, мах та уын æххуыс кæндзыстæм», – раарфæ кодта Огъуаты Алан.















