Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университет бацахста æртыккаг бынат Цæгат Каваказы уæлдæр ахуырадон уагдæтты рейтингы, бацæттæ йæ кодта агентад RAEX 2026 азæн. Фаронимæ абаргæйæ, университет схызт æртæ къæпхæны уæлдæр.

Рейтинг дæттæг агентад ныммыхуыр кодта Уæрæсейы федералон зылдты хуыздæр уæлдæр ахуырадон уагдæтты номхыгъд. Иртасæнмæ бацыдысты аст зылдон рейтингыл уæрст нæ бæстæйы 78 регионæй 290 университеты.

Цæгат Кавказы зылды 2026 азы уæлахиздзау сси Дагестаны паддзахадон медицинон университет. Йæ бынатæй фæцудын кодта фароны уæлахиздзауы – Стъараполы паддзахадон медицинон университет.

ЦИПУ бацахста æртыккаг бынат, равдыста, рейтингы архайджыты ‘хсæн зынгæ куыд сырæзт, уый. Цыппæрæм æмæ фæндзæм бынæттæ раздæрау бацахстой Дагестан æмæ Пятигорскы паддзахадон университеттæ. А.А.Кадыровы номыл Цæцæны паддзахадон университет дæр 2025 азы уыдис фыццаг фондз бынаты ‘хсæн, фæлæ ныр нæ архайдта 2026-æм азы зылдон рейтингы, уымæн æмæ йæ бахастой егъау иртасæн «Три миссии университета»-мæ.

RAEX-ы рейтингтæ бæрæг кæнынц уæлдæр ахуырадон уагдæттæ æвдисæнты рæгъмæ гæсгæ, куыд ахуырады æмвæзад, зонадон дæсныйад æмæ рауагъдонты хъæугæдинад, æмæ сты нæ бæстæйы уæлдæр ахуырады хæдбар аргълæвæрды иууыл дзырддзæугæ кусæнгæрзтæй иу.