Университеты ног студентон куыстдæттыны проект «Карьерæйы бон»-ы фæлгæтты ЦИПУ-йы студенттæ Æрыдоны базонгæ сты карьерæ æмæ потенциалон куысты фадæттимæ.

“Карьерæйы бон” у студенттæн куыстæй сифтонг кæныны æххуысы ног формат, раздæр ЦИПУ-йы цы традицион “Карьерæйы армукъа” цыд, уый бæсты. Уыцы æгъдауæй хицæн кæны уымæй, æмæ здæхт у бæстондæр æмæ мидисджындæр æмгуыстадмæ: студенттæ хуымæтæджы нæ æрбарвитынц сæ резюме; ис сын фадат комкоммæ ныхас кæнын ахуырадон уагдæтты разамонджытимæ, æрдзурын куысты уавæртыл æмæ рæзты перспективæтыл, аразынц персоналон бастдзинæдтæ, кæцытæ фадат дæттынц куыстдæттæгæн тагъд аргъ скæнын кандидатты потенциалæн æмæ студенттæн хуыздæр бамбарын сæ фидæны карьерæйы домæнтæ æмæ спецификæтæ.

 “Ног формат хорз уымæй у, æмæ алы районæн дæр дæтты фадат – æмæ мах та фæнд кæнæм республикæйы алы районмæ дæр ацæуын – равдисын сæ курдиат, ахуырдзаутæн банкъарын, куыстдæттæг сæм кæй цымыдис кæны куыд потенциалон ахуыргæнæг. Студенттæй раздæр дызæрдыг чи кодта ацы дæсныйад райсыныл, уыдон чысыл фæныфсджындæр сты, æмæ, чи зоны, æрыздæхдзысты ардæм куыд ахуыргæнджытæ», – загъта фæсивæдон политикæ æмæ административон куыстæй ректоры хæдивæг Кокайты Алан.

Фембæлд ацыд Æрыдоны 1-æм скъолайы. Уæлдай æргом аздæхтой æрыгон ахуыргæнджыты адаптацимæ æмæ муниципалон æмвæзадыл цы æххуысы мадзæлттæ ис, уыдонмæ. Районы администрацийы сæргълæууæджы ахуырады фæдыл хæдивæг Багаты Ибрагим равдыста районы ахуырады системæ æмæ æнтыстджын практикæтæ æрыгон специалистты профессионалон рæзтæн. Уый фæнысан кодта, зæгъгæ, районы ахуырадон уагдæтты ныртæккæ арæзт цæуынц профессионалон рæзтæн уавæртæ, уыцы нымæцы зондамонджытæ, профессионалон рæзт, стæй профилон конкурсты архайд.

 “Сæйраг нысан – равдисын ЦИПУ-йы студенттæн, 21-æм æнусы скъола цавæр у æмæ цавæр фадæттæ ис нæ фидæны ахуыргæнджыты персоналон æмæ профессионалон рæзтæн. Æмæ, сæйрагдæр та, ахсджиаг цæмæн у рухæны мæйы скъоламæ æрбацæуын æмæ ацы диссаджы балцы ацæуын. Мах хъуамæ баххæст кæнæм регионы кадрон хъуагдзинад, уый фæдыл ЦИПУ дзуапп дæтты регион цы социалон-экономикон æвзарæн ис, уымæн ахæм мадзæлтты фæрцы», — загъта уый.

Карьерæйы боны практикон хаймæ хаудысты мастер-кълæсты рад, здæхт уыдысты профессионалон æмæ æххæстгæнæн фæлтæрддзинад рæзын кæнынмæ. Студенттæ архайдтой нывкæнынады ахуырты, базонгæ сты хæцæнгарз æмбырд кæны æмæ æнæпилотæй тæхæг аппараттæ уадзыны дæсныйадимæ.

Мадзал ахицæн армукъайы хуызы арæзт ваканситы равдыстæй, студенттæн фадат уыд фембæлын Æрыдоны районы скъолаты директортимæ, æрдзурын ныртæккæйы куысты бынæттыл, стæй фæрстытæ раттын. Уый фæрцы фидæны специалисттæн лæвæрд æрцыд æххæстдæр æмбарынад кандидатты домæнтæ, куысты уавæртæ æмæ скъолаты спецификæйы тыххæй. Архайджытæн ма уыд фадат сæхи тыххæй радзурын æмæ практикæ ацæуын кæнæ фидæны куысты фадæтты тыххæй баныхас кæнын.

Мадзал бацæттæ кодтой ЦИПУ-йы карьерæйы Центр Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы министрадимæ иумæ æмæ уыд, рауагъдонты куыстæй сифтонг кæныны æмæ регионы куыстдæттæг организацитимæ æмархайд фæтыхджындæр кæныны фæдыл университеты системон архайды хай.

Новый формат взаимодействия студентов с работодателями ввели в СОГУ