Сочийы дунеон конкурс “Подиум”-ы, Цӕгат Ирыстоны паддзахадон университеты студенттӕ, дизайнертӕй чи архайдта, уыдоны коллекцит ӕ нымад ӕрцыдысты хуыздӕртыл.
Номинаци “Pret-a-porte”- йы 1-аг къӕпхӕны диплом райста коллекци “Смело в дело“, номинаци “Этнофьюжн”-ы та хуыздӕрыл банымадтой коллекци “Полюшко-поле” (автортӕ — Бзарты Каринӕ, Хохты Зӕринӕ ӕмӕ Гобеты Аланӕ). Амынд ахуыргӕнӕндоны дизайн ӕмӕ рог промышленносты дзаум ӕтты конструкциты арӕзтады кафедрӕ ӕдӕппӕт бацӕттӕ кодта 4 коллекцийы.
Конкурсы дунеон жюрийы уӕнгтӕ уыдысты Уӕрӕсейы, Америчы Иугонд Штатты, Сингапуры, Египет ӕмӕ Китайы модӕйы индустрийы минӕвӕрттӕ. Йӕ сӕргъы уыд модӕиртасӕг, Модӕйы индустрийы национ академийы ӕмбындурӕвӕрӕг Александр Хилькевич. Ацы адӕймаг ирыстойнаг дизайнерты куыстӕн скодта стыр аргъ,
Дунеон конкурс “Русский силуэт“-ы минӕвар Джемал Махмудов та бахаста конкурсы ӕвзарӕн хӕйттӕ цӕгат ирыстойнаг университеты бындурыл рӕзыны фӕндон.