Цӕгат Ирыстоны паддзахадон университет персайнаг ӕвзаг иртасыны куысты ӕнтыстдзинӕдтӕ кӕй равдыста, уый тыххӕй йын Ираны ӕххӕстбарджын минӕвар Уӕрӕсейы Мехди Санаи саккаг кодта хӕрзиуӕг.

Кадджын мадзал арӕзт ӕрцыд Мӕскуыйы Республикӕ Ираны минӕварады бӕстыхайы Ираниртасджыты ӕмӕ персайнаг ӕвзаджы ахуыргӕнджыты 5-ӕм дунеон форумы.

— Нӕ бӕстӕты ӕхсӕн наукон бастдзинӕдтӕ фидар кӕнынӕн ахъазгӕнӕг доктор Огъуаты Алан ӕмӕ йе ‘мгуыстгӕнджытӕн — стыр бузныг. Цӕгат Ирыстоны паддзахадон университеты ирайнаг культурӕ ӕмӕ фарсийы ӕвзаджы центр нымад у Уӕрӕсейы ираниртасынад ӕмӕ персайнаг ӕвзаджы центртӕй иуыл, — хӕрзиуӕг дӕтгӕйӕ, загъта ӕххӕстбарджын минӕвар.

2016 азӕй фӕстӕмӕ Цӕгат Ирыстоны университет ӕмӕ Республикӕ Ираны ӕхсӕн наукон бастдзинӕдтӕ рӕзынц парахатӕй. Нӕ ахуыргӕнӕндон ӕмгуыст кӕны Тегераны Алламе Табатабаийы номыл университетимӕ. Дыууӕ ахуыргӕнӕндоны студенттӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ цӕуынц кӕрӕдзимӕ. Дыккаг аз ӕххӕст кӕнынц иумӕйаг магистрон программӕ «Иран — нырыккон дунейы». Цӕгатирыстойнаг ӕмӕ ирайнаг уӕлдӕр скъолаты дипломтӕ кӕмӕ уыдзӕн, «Скӕсӕниртасынад»-ы къабазы фыццаг ахӕм специалисттӕ 2022 азы нӕ университет каст фӕуыдзысты.

Ӕндӕраз декабры Цӕгат Ирыстоны паддзахадон университеты арӕзт ӕрцыд 1-аг дунеон наукон-практикон конференци «Иран ӕмӕ Цӕгат Кавказ: истори ӕмӕ ӕмгуыстады гӕнӕнтӕ».

Ацы аз фӕззӕджы Цӕгат Ирыстоны университеты кадджын уавӕры байгом зындгонд персайнаг поэт, поэмӕ «Шахнаме»-йы («Паддзӕхты чиныг») автор Фирдоусийы бюст, иннӕ аз та Ираны сӕнусон кӕндзысты ирон литературӕйы бындурӕвӕрӕг Хетӕгкаты Къостайы ном.

— Пысылмон Республикӕ Ираны минӕварад Уӕрӕсейы банымайӕн ис Ираны тыххӕй зонындзинӕдтӕ парахатгӕнӕг ӕвӕджиауы культурон центрыл. Уӕрӕсе ӕмӕ Ираны разамонджытӕ архайынц дыууӕ бӕстӕйы ӕхсӕн бастдзинӕдтӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕныныл. Географион уавӕр, стӕй патриотон ӕмӕ культурон бынтӕ нымайгӕйӕ, Цӕгат Ирыстонӕн ӕппӕт фадӕттӕ дӕр ис бирӕкъабазджын ирайнаг-уӕрӕсейаг ӕмгуыстады цӕгаткавказаг центр суӕвынӕн, — загъта Огъуайы-фырт.

Ираниртасджыты ӕмӕ персайнаг ӕвзаджы ахуыргӕнджыты форумы уӕрӕсейӕгтимӕ архайдтой Сомихы, Киргизийы, Таджикистан ӕмӕ Ираны специалисттӕ дӕр. Цӕгат Ирыстоны паддзахадон университеты историон факультеты декан Плиты Зӕлинӕ ӕмӕ ирайнаг культурӕ ӕмӕ фарсийы ӕвзаджы центры директоры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг ӕгайты Руслан раныхас кодтой ӕмбырды.

Форумы архайджытӕ бахыгътой ацы азы куысты бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕмӕ снысан кодтой фидӕны ӕмгуыстады пълантӕ.