Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты конференц-залы уыд университеты Ахуыргонд советы уæрæх æмбырд. Æмбырд амыдта университеты ректор ОГЪУАТЫ Алан. Архайдтой дзы РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз, историон наукæты доктор, профессор, Уæрæсейы Федерацийы ахуырады академийы уæнг, Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты президент МÆХÆМÆТТЫ Ахуырбег æмæ иннæтæ.
Огъуаты Алан радзырдта, афæдзы дæргъы университетæн йæ къухы цавæр æнтыстдзинæдтæ бафтыд ахуырады, наукæ æмæ инновацион технологиты системæйы, уый тыххæй.
— Нæ зынаргъ ахуыргæндтæ æмæ уазджытæ, арфæ уын кæнын, абон ардæм кæй æрбацыдыстут, уый тыххæй. Нæ ныхас уыдзæн, афæдзы дæргъы университеты цы куыстытæ цыд, цы сарæзтам, нæ къухы цы бафтыд, æмæ 2020 азы нæ зæрды цы фæндтæ сæххæст кæнын ис, ууыл. Ацы аз мах бæрæг кæнæм нæ университеты 100 азы юбилей. Дзæуджыхъæуы фыццаг уæлдæр ахуыргæнæндон байгом 1920 азы. Йæ бындурæвæрджытæ уыдысты бирæ стыр ахуыргæндтæ: Абайты Васо, Борис Скитский, Æлборты Барис, Цæголты Николай æмæ иннæтæ. Мах аргъ кæнæм, цы традицитæ нын ныууагътой, уыдонæн, æмæ уыцы-иу рæстæг цæуæм размæ, ног рæстæджы домæнтæн дзуапп дæтгæйæ. Абон нæ размæ цы хæстæ лæууы, уыдон сбæрæг кодтой нæ бæстæйы æмæ РЦИ-Аланийы хицауадтæ, — загъта Огъуаты Алан.
Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ректоры ныхас рауад бæлвырд æмæ мидисджын. Хæрз цыбыр рæстæгмæ ахуыргæнæндоны æрцыд бирæ ахсджиаг хъуыддæгтæ — Уæрæсейы Хуссары фæзынд Ядерон иртæстыты иумæйаг институты фыццаг информацион центр, æмгуыст цæуы дунейы зындгонддæр наукон центртимæ, байгом Касперскийы кафедрæйы лаборатори æмæ «Скæсæнад», арæзт æрцыд æфсæддон-ахуырадон центр, æнтыстджын куыст цæуы Испани, Иран, Герман, Франц, Норвеги, Китай, Япон æмæ АИШ-ы университеттимæ.
Уымæй уæлдай ма университет рамбылдта гранттæ дæр. Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ахуыргæндтæ 2019 азы систы фундаменталон иртæстытæй Уæрæсейы фонды 8 конкурсы уæлахиздзаутæ.
— Арфæ уын кæнын, фыццаджыдæр, уæ юбилейы фæдыл! Уæ къухы цы бирæ æнтыстдзинæдтæ бафтыд, уыдон æппæт республикæйæн дæр сты ахсджиаг æмæ вазыгджын. Стыр æвæрæн бахастат нæ республикæйы экономикон рæзтмæ,— загъта нæ республикæйы Хицауады Сæрдар.
Æмбырды æвзæрст æрцыд Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты президент. Федералон закъон «Об образовании в РФ» æмæ ЦИПУ-йы уставмæ гæсгæ хъæлæс кæнынмæ æвæрд æрцыдис æрмæстдæр иу адæймаджы кандидатурæ. Уый у историон наукæты доктор, профессор, Уæрæсейы Федерацийы ахуырады академийы уæнг-уацхæссæг, Уæрæсейы Федерацийы, Цæгат Ирыстон æмæ Хуссар Ирыстоны наукæйы сгуыхт архайæг, Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр ахуырады кадджын кусæг Мæхæмæтты Ахуырбег. Уый 16 азæй фылдæр лæууыд университеты сæргъы, 2006 азы декабрæй нырмæ та уыд йæ президент. Ахуырбег у 300 наукон куысты, 12 монографийы автор, наукон журнал «ЦИПУ-йы фидиуæг»-ы сæйраг редактор, уый рецензигонд цæуы Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр аттестацион къамисæй. Ахуырад æмæ наукæйы рæзтмæ стыр æвæрæн кæй бахаста, уымæн æвдисæн сты йæ бирæ хæрзиуджытæ дæр — Фæллойадон Сырх Тырысайы орден, «Фыдыбæстæйы раз сгуыхтдзинæдты тыххæй» æртыккаг æмæ цыппæрæм къæпхæны ордентæ, Кады орден, майдантæ æмæ афтæ дарддæр. Университеты коллективы ‘хсæн Мæхæмæтты Ахуырбегæн ис стыр кад, уæдæ йæ республикæйы цæрджытæй дæр чи нæ зоны æмæ йын аргъ чи нæ кæны, ахæм адæймаг стæм разындзæн. Ахуыргонд советы уæнгты иумæйаг хъæлæсæй Мæхæмæтты Ахуырбег ногæй æвзæрст æрцыд Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты президентæй.