2020 азы 22 майы йæ цардæй ахицæн Беруаты Мæцыхъойы фырт  Барис —      ЦИПУ-йы профессор, УФ-йы наукæйы сгуыхт архайæг, географион наукæты доктор, Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг, УФ-йы Журналистты цæдисы уæнг, РЦИ-Аланийы Æппæтуæрæсеон æрдзхъахъхъæнынады æхсæнады сæрдары хæдивæг, Уæрæсейы æрдззонынады академийы уæнг-уацхæссæг.

Ирыстоныл иузæрдион чи уыд, йæ адæмы æнæкæрон уарзтæй чи уарзта, æрдззонынад æмæ географийы ахуырады, стæй наукæйы рæзтыл Цæгат Ирыстоны Паддзахадон университеты бирæ азты удуæлдай чи фæкуыста, уыцы Беруайы-фырты ацыд стыр зиан у Уæрæсейы æмæ нæ республикæйы географион æхсæнæдтæн.

Зынвадат, сидзæр сабидуджы рæстæг Беруаты Барис банкъардта царды уæз, фарæстæм къласы райдыдта кусын Цъæйы турбазæйы инструкторæй. Скъолайы фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд педагогон институтмæ  географион факультетмæ. Ахуыры рæстæг уыд балцыты: Кавказы, Уралы, Памиры, Хъырымы æмæ ма бирæ æндæр рæтты. 1960 азы куыста директорæй сывæллæтты экскурсион станцæйы. Уæд ыл цыд 23 азы.

Барис 20 азæй фылдæр бакуыста Цæгат Ирыстоны Туризм æмæ экскурситы облæстон советы сæрдарæй. Уыцы рæстæг райрæзт стыр куыст туризмы къабазы, нæ республикæйы арæзт æрцыд æртæ туристон  лагеры: «Редант», «Уæллаг Ларс» æмæ «Ирыстон». 1964-1981 азты арæзт æрцыдысты туристон базæтæ: «Урсдон», «Дзинагъа», «Редант», «Терк», «Суаргом», туристон сидзæрдæттæ: «Уынал», «Куырттат», «Цъæй», «Калак», «Хъобан», æдæппæтæй дзы уыд 5183 бынаты. Йæ рæстæджы Барисы хъæппæрисæй нæ республикæйы бæлццæттæн байгом бирæ туристон фæндæгтæ. Рауагъта бæлццæттæн бæстæзонæн чысыл чингуытæ-фæндагамонæнтæ: «Цæргæсты бадæнтæм», «Дæ бон хорз, Цъæй!», «Терк — хæлардзинады цæугæдон», «Ирыстоны хæхтæ»,  ныффыста 750 наукон куысты, чингуытæ, монографитæ, уацтæ æмæ наукон тезистæ докладтæм.

1982 азы Беройы-фырт бахъахъхъæдта кандидаты диссертаци, 1995 азы та — докторы диссертаци. 16 азы дæргъы уыд ЦИПУ-йы географион факультеты декан. Йæ хъæппæрисæй факультеты фæзынд ахæм дæсныйæдтæ: «геоэкологи», «социалон-культурон сервис, туризм».

Куыд сфæлдыстадон адæймаг, афтæ Барис активонæй архайдта  журналистикæйы. 1972 азæй уыд СССР Журналистты цæдисы уæнг. Йæ æрмæджытæ цыдысты центрон газетты æмæ журналты. 1971 азæй уыд Цæгат Ирыстоны историон æмæ литературон музейты иугонды генералон директор. Уыд удуæлдай æхсæнадон-политикон архайæг,   Уæрæсейы Географион æхсæнады Æппæтуæрæсеон æрдзхъахъхъæнынады цæгатирыстойнаг хайады президиумы уæнг.

Беруаты Барис йæ бирæ фыдæбæттæ, æнæхин фæллой  æрдззонынады æмæ туризмы  арф зонындзинæдты тыххæй    хорзæхджын æрцыд бирæ майдантæй, орден «Кады нысан»-æй. Кадджын æмæ нымад лæг, йæхи хидвæллойæ кæддæриддæр хызт  æнтыстдзинæдтæм.

Парахат зæрдæйы хицау уыд Барис, йæ адæмы хъысмæт хуыдта йæхи, сæ цæрайæ цард æмæ йæ адæм дæр тынг уарзтой. Арæх-иу дзырдта: «Мæн нæ хъæуы æндæр хъысмæт». Барис фидарæй зыдта, адæмæн æмæ Фыдыбæстæйæн лæггад кæнын йæ комкоммæ хæс кæй у, уый. Бинонты амонд æй куы нæ уыдаид, уæд уыйбæрц æнтыстдзинæдтæ, чи зоны, нæ бафтыдаид йæ къухы.

Хетæгкаты Къостайы номыл Цæгат Ирыстоны Паддзахадон университеты кусджытæ хъыгзæрдæйæ тæфæрфæс кæнынц Беруаты Мæцыхъойы фырт Барисы бинонтæн, хиуæттæн æмæ хæстæджытæн. Йæ рухс ном рох никуы уыдзæн йе ‘мкусджытæй, йæ хæлæрттæй æмæ ахуыргæнинæгтæй.

 

Хацъæты Фатимæ,

ЦИПУ-йы географи æмæ геоэкологийы факультеты декан