Цæгат Ирыстоны Паддзахадон университеты ректор Огъуаты Алан хорзæхгонд æрцыд Уырыссаг географион æхсæнады Кады гæххæттæй.

Кадджын уавæры йын æй радта Уырыссаг географион æхсæнады президент, Уæрæсейы хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу. ЦИПУ рамбылдта Уырыссаг географион æхсæнады грант проектмæ гæсгæ Джимара-Хъазыбеджы геопарк саразынæн. Нымад у иунæг геологон-культурон комплексыл.

Уырыссаг географион æхсæнад нымад у дунейы æппæты зæронддæр æмæ хъуыстгонддæрыл. 40 азæй фылдæр ЦИПУ-йы географи æмæ геоэкологийы факультеты бындурыл лæууы Уырыссаг географион æхсæнады хайад.