ЦИПУ-йы наукæйы къабазы фæсивæдон преми «Бесконечность»-ы лауреаты сбæрæг кодтой. Уый разынд университеты æрыгон ахуыргонд Петракис Чаликиди. Йæ куыст аразы органикон синтезы центры. Преми снысан кодтой фыццаг аз, сбастой йæ Уæрæсейы Наукæйы бонимæ.

Æрыгон ахуыргæндтæй уæлдай бæрæгбоны фæдыл арфæ ракодтой фæлтæрдджын специалисттæн дæр. Профессионалон бонимæ сын арфæ ракодтой Хицауады æмæ Парламенты минæвæрттæ. Бæрзонд æмвæзадыл специалисттæ кæй цæттæ кæнынц, уый фæдыл сын балæвар кодтой хæрзиуджытæ.