Куыстагурджытæ систы дæсныйад уæлдæргæнæн программæйы архайджытæ.
ЦИПУ-йы физикон-техникон факультеты бындурыл ацыд мебелы кондады ваканситы армукъа. Куыстагурджытæ систы дæсныйад уæлдæргæнæн программæйы архайджытæ. Куыстдæтджытæ та дзы уыдысты бынæттон фабрикæты минæвæрттæ. Практикæйы хуызы курсытæ цыдысты 2 мæйы. 29 рауагъдонмæ ныр æнхъæлмæ кæсынц фæлварæнтæ.
Программæ фыццаг хатт бацæттæ кодтой федералон проект «Содействие занятости» нацпроект «Демография»-йы фæлгæты. Баххуыс кодта куыстдæттыны комитет æмæ фæсивæдон инновацион центр «FabLab Alania» дæр. Лæвар курсытæй сæ бон спайда кæнын у, скъолайы агъоммæ сывæллæттæ чи хъомыл кæны, уыцы мадæлтæн, æгуыст æмæ пенси чи нæ исы, уыцы цæрджытæн, уыимæ 35 азы онг кæуыл цæуы, уыцы æрыгон адæмæн.