Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты медиацентр Къостайы къухфыстыты бындурыл сарæзтой шрифт.
Шрифт арæзт æрцыд, факсимиле кæм ис, Хетæгкаты Къостайы уыцы кухфыст æмдзæвгæты æмбырдгонд «Ирон фæндыр»-ы бындурыл. Æвзæрст æрцыд 50 æмдзæвгæйæ фылдæр, цæмæй фыссæг дамгъæтæ куыд нысан кæны фысгæй, уый хуыздæр бамбарой.
Шрифты хыгъд цыдысты Хетæгкаты Къостайæн йæ къухфысты æппæт хицæндзинæдтæ. Уыдонæй иу – дамгъæты тынг фæкъул рахизмæ.
Уымæй уæлдай, шрифты бахъахъхъæдтой, Къоста кæмæй пайда кодта революцийы агъоммæ, орфографийы уыцы хицæндзинæдтæ. Уæд дамгъæтæ «и», «й» æмæ «ы» нысан кодтой куыд «i» «j» «v». Афтæ уыд ирон дамгъæтимæ дæр, «гъ» æмæ «хъ» раздæр фыстой куыд «h» «q» – ацы глифтæ дæр шрифтмæ бацыдысты. Фæлæ ма шрифтмæ хаст æрцыдысты ахæм дамгъæтæ дæр, кæцытæй уæды рæстæг нæ пайда кодтой. Зæгъæм, «ъ» арæзт у «у» æмæ «р»-йæ.
В СОГУ разработали шрифт Kosta на основе почерка осетинского поэта