Университеты историон факультеты студент Акъоты Батраз сси Уæрæсейы хæрзаудæн змæлды райрæзт æмæ æмархайдмæ здæхт чи у, ахæм Æппæтуæрæсейон зæрдæхæлар хъуыддæгты преми «Иумæ нæ бон у фæуæлахиз уæвын»-ы лауреат.
«Адæмон фронты фæсивæд»-ы координаторы хуызы æнтыстджынæй хайад кæй иста, уый тыххæй райста хæрзиуæг номинаци «Фæсивæд æмæ сывæллæтты патриотизмыл хъомылад»-ы. Йæ разамындæй уагдон сарæзта куыд республикæйы, афтæ æндæр рæтты дæр социалон ахадындзинад кæмæн ис, ахæм 200 мадзалæй фылдæр. Фæсивæд Луганскы адæмон республикæмæ æмæ Запарожский областмæ ластой гуманитарон æххуыс æмæ æндæртæ. Уый хыгъд 20 тонны дон æмæ 500-йы бæрц ирон чъиритæ.
Уымæй уæлдай ма Батраз уыдис Сау денджызы экологион бæллæхы фæстиуджытæ Анапæйы чи сыгъдæг кодта, уыдонимæ дæр.
Студент СОГУ стал победителем Всероссийской премии добрых дел