Дзæуджыхъæуы скъолаты дарддæр цæуынц ахуыргæнæджы куыст бæзонддæр сисынæн ЦИПУ-йы проект «Педагогон фæлвæрд»-ы архайджыты гом уроктæ. Цалдæр мæйы дæргъы проекты 50 архайæджы сæхи фæлвæрдтой педагогон дæсныйадæй ЦИПУ-йы ахуыргæнджытæм, ныр æвдисдзысты, цæуыл сахуыр сты, уый иумæйагахуырадон предметтæй гом уроктæ кæнгæйæ.

Йæ фыццаг гом урок уырыссаг литературæйæ радта Цæбиты София 27-æм скъолайы 6-æм къласы. У гимнази «Диалог»-ы хистæркъласон. Проекты тыххæй базыдта йæ ахуыргæнджытæй.

София йæ ныфс дары, проекты архайд ын кæй ратдзæн фадат йæ бæллицмæ фæхæстæгдæр уæвын æмæ райсын ахæм зонындзинæдтæ, кæцытæ йын феххуыс уыдзысты фыццаг къахдзæфтæ скæнынæн йæ равзæрст дæсныйадмæ.

«Фæстаг æзты мæ фæнд, уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг суæвыныл дызæрдыг нал кæнын. Абон уыдон сты мæ уарзондæр предметтæ скъолайы. Гом урочы мах скъоладзаутимæ æрдзырдтам Лев Николаевич Толстойы  уацмыс «Детство»-йыл. Кæд тынг тыхсттæн, уæддæр мæм афтæ фæкаст, æмæ урок ацыд тынг хорз, сывæллæттæ бамбæрстой æмæ бахъуыды кодтой, цæуыл дзырдам, уый», – загъта София.

Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет æмæ ахуырад æмæ наукæйы Министрады иумæйаг проект «Педагогон фæлвæрд» здæхт у нырыккон ахуырадон системæйы ахуыргæнджыты бæрнон куыстмæ фылдæр цæстдардмæ æмæ скъоладзауты педагогон курдиат раргом кæнынмæ. Йæ хатдзæгтæм гæсæгæ скъоладзауты схорзæхджын кæндзысты сертификаттæй, уæлдай фондз уæлæмхасæн баллы ахуырадон программæтæй «Ахуырад æмæ педагогон наукæтæ», ЦИПУ-мæ ахуыр кæнынмæ бацæуын куы сфæнд кæной, уæд.

Участники «Педагогической пробы» — путь к мечте