Проект «Университетские субботы»-йы фæлгæтты ЦИПУ-йы доцент Виктория Ильченко равдыста Беслæны 6-æм скъола æмæ Сунжæйы скъолайы ахуырдзаутæн уæндон ныхас æмæ хи ныфсджынæй куыд дарын хъæуы ахæм тренинг.
Сывæллæттæ базыдтой, хи уæндонæй куыд дарын хъуы æмæ цæмæй хицæн кæны тыхми æмæ нæуæндондзинадæй. Ахуырдзаутæ бафæлвæрдтой хи алфамбылай арæнтæ снысан кæнынмæ æмæ сæхицæн кад кæнын зонынмæ, ныхас кæнгæйæ та, хъæддыхæй «нæ» зæгъынмæ сарæхсын.
Скъоладзаутæн сæхи æмæ сæ гæнæнтæ хуыздæр базонынæн баххуыс сты активонæй æрныхасы архайд, алы цæсгæмтты хъæзтытæ æмæ цымыдисаг психологон фæлтрæнтæ æххæст кæнын.
Школьники районных школ Северной Осетии узнали секреты уверенного общения