Уæрæсейы 10 февралы бæрæг кæнынц дипломатон кусæджы бон. ЦИПУ-йы æхсæнадæмон ахастыты факультеты рауагъдонтæ кусынц дипломаттæй Уæрæсейы æмæ æхсæнадæмон фæзуаты.

Æбысалты Давид 2018 азы каст фæци ЦИПУ-йы æхсæнадæмон ахастдзинæдты факультеты бакалавриат «Дунейон экономикæ»-йы дæсныйадæй. 2020 азы иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ та каст фæци ацы факультеты магистратурæ программæ «Æхсæнадæмон бизнес»-æй.

Æбысалты Давид Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусы 2021 азæй 1-аг къæпхæны хистæр специалистæй Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады территориалон органы – Дзæуджыхъæуы Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Минæварады. Уæдæй нырмæ иу æмæ дыууæ хатты нæ уыд командировкæты Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады центалон аппараты, цыбыр рæстæгмæ командировкæйы та уыд Казахстаны.

2024 азы райста арфæйы гæххæт РЦИ-Аланийы национ политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты министрадæй «РЦИ-Аланийы æддагон бастдзинæдты райрæзтмæ бавæрд æмæ РЦИ-Аланийы национ политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты министрадимæ æмгуыст».

Зоны англисаг æмæ испайнаг æвзæгтæ.

 Габиты Зæринæ 2001 азы каст фæци ЦИПУ-йы æхсæнадæмон ахастдзинæдты факультеты бакалавриат «Дунейон эконимкæ»-йы дæсныйадæй. 2003 азы каст фæцис Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министрады Дипломатон академи. Ам каст фæци аспирантурæ дæр æмæ æнтыстджынæй бахъахъхъæдта кандидатон диссертаци. Йæ темæ: Уæрæсейы Каспийскы регионы æддагон политикæйы ахасытæ: мидис нысан, хæстæ».

Дипломатон службæйы Габиты Зæринæ ис 2003 азæй. Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады централон аппараты æмæ фæсарæнты куыста алыхуызон бынæтты: 2006 азæй 2008 азмæ куыста Гуырдзыйы Уæрæсейы минæварады æртыккаг секретарæй; 2011 азæй 2015 азмæ куыста Нью-Йоркы (АИШ) Уæрæсейы консульствойы сæйраг консулæй; 2016 азæй 2024 азмæ Цæгат Америкæйы Департаменты Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хайады хицау æмæ хистæр советникæй.

2024 азы сентябры Габиты Зæринæйы снысан кодтой Уæрæсейы Федерацийы генералон консулæй Сиднейы, Австрали.

Бирæ азты дæргъы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады системæйы йæ зæрдæргъæвд куысты тыххæй хорзæхджын æрцыд Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кадджын грамотæйæ. Абон  ахсы советникы 1 къласы дипломатон ранг, снысан ын æй кодтой 2020 азы июны.

Иттæг хорз зоны англисаг æмæ французаг æвзæгтæ.

Мамиаты Багир 2001 азы иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæцис ЦИПУ-йы æхсæнадæмон ахастдзинæдты факультет «Дунейон эконимкæ»-йы дæсныйадæй. 2003 азы октябрæй кусы Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады. Мамиаты Багир ма æххæст кодта Дзæуджыхъæуы Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Минæварады æмæ фæсарæнты уæрæсейаг дипломатон уагдæтты алыхуызон куысты хуызтæ.

Мамиат Багир куыста фæсарæйнаг командировкæты дæр: 2008 азы уыдис æртæмæйон фæсарæйнаг командировкæйы Кишиневы (Молдавийы) Уæрæсейы Минæварады консулæй; 2009 азы июнæй 2013 алы июлмæ дæргъвæтин фæсарæйнаг командировкæйы уыдис Цхинвалы (Хуссар Ирыстоны) Уæрæсейы Минæварады консулты хайады аташейæ; 2018 азы ноябрæй 2022 азы февралмæ уыдис дæргъвæтин фæсарæйнаг командировкæйы Алма-Атайы (Казахстаны) Уæрæсейы Генконсульствойы. Ацы командировкæйы рæстæг дыууæ хатты   хорзæхгонд æрцыд æвирхъау хабæртты уавæрты кæй архайдта, уый фæдыл, стæй Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады арфæйæ, раст æмæ тагъд рахаст уынаффæйы тыххæй короновиусы инфекцийы рыны рæстæг.

2022 азы августæй Мамиаты Багир у Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Минæварады территориалон органы разамонæг.

Хорзæхгонд æрцыд РЦИ-Аланийы Парламенты, Дзæуджыхъæуы бынæттон хиунаффæйады администрацийы æмæ РЦИ-Аланийы Уæрæсейы ФМС-ы управленийы, стæй, РЦИ-Аланийы Министрады национ политикæ æмæ æддагон бастдзинады кады гæххæттытæй.

2020 азы сентябрæй Мамиаты Багирæн ис фыццаг къласы фыццаг секретары дипломатон ранг.

Зоны англисаг æмæ французаг æвзæгтæ.

Арфæ кæнæм нæ рауагъдонтæн сæ профессионалон бæрæгбоны фæдыл æмæ сын нæ зæрдæ зæгъы стыр æнтыстдзинæдтæ сæ дæсныйады!

Выпускники факультета международных отношений СОГУ на дипломатической службе