Хъусынгæнинаг

ЦИПУ-йы кусджытæ æмæ ахуырдзаутæн æхсæнадон хæрæндон байгом кæнынæн фæндонтæ равзарыны фæдыл

Уæлдæр ахуырады Федералон паддзахадон бюджетон ахуырадон уагдон «Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университет» аразы фæндонты равзæрст æмæ УАФПАУ «ЦИПУ»-йы  оперативон уагдонмæ фидаргонд чи у, уыцы федералон  æнæзмæлгæ исбонæй лæвар пайда кæнынмæ быдзырд ныффидар кæнынæн гæнæнтæ (дарддæр – Организатор)

1.        Куыд хуыйны, йæ бынат, посты адрис, электрон посты адрис æмæ æвзæрсты организаторы телефоны номыр
Организатор куыд хуыйны Уæлдæр ахуырады Федералон паддзахадон бюджетон уагдон «Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университет»
Ссудæ раттæджы ном УАФПБУ «ЦИПУ»
Юридикон адрис 362025, Республикæ Цæгат Ирыстон-Алани, г.Дзæуджыхъæу, Ватутины уынг, 44-46
Телефон Телефон (867-2) 33-33-73, бафтауын 133
Посты адрис 362025, Республикæ Цæгат Ирыстон-Алани, г.Дзæуджыхъæу, Ватутины уынг, 44-46

Ныхасгæнæг, телефон/ электрон пост

 

Равзæрст саразыны фарстаты фæдыл ныхас кæнын: Хетæгкаты Тенгизы чызг Светланæимæ

телефон (867-2) 33-33-73, бафтауын 133

электрон пост:oyik@nosu—team.ru

Æвзæрсты предмет УАФПАУ «ЦИПУ»-йы  оперативон уагдонмæ фидаргонд чи у, уыцы федералон  æнæзмæлгæ исбонæй лæвар пайда кæнынмæ быдзырд ныффидар кæнынæн гæнæнтæ
2.  Æвзæрсты объект
Исбонады хуыз Федералон исбонад, УАФПБУ «ЦИПУ»-мæ  оперативон разамынды хуызы фидаргонд чи у
Мулчы хуыз Цæрынмæ нæ бæзгæ бæстыхай
Кадастрон номыр 15:09:0020503:380
Лæвæрд бæстыхайæ лæвар пайда кæныны нысан ЦИПУ-йы кусджытæ æмæ студенттæн аходæн бацæттæ кæнын
Лæвар пайда кæныны лæвæрд бæстыхайы иумæйаг фæзуат 75,1 кв. м
Бæстыхайы  техникон иртасæнтæ æмæ æрфыст БТИ-мæ гæсгæ Бæстыхай № 1 (75, 1 кв. м)  Цалцæг кæнын æй нæ хъæуы
Бæстыхайы адрис Уæрæсейы Федераци, 362025, Республикæ Цæгат Ирыстон-Алани, горæтаг зылд горæт Дзæуджыхъæу, Ватутины уынг, бæстыхай 46, арæзт 16
Сæрмагонд домæнтæ Рухсæн, хъармæн, донæн, канализацийæн, интернетæн, административон-хæдзарадон хæрдзтæн пайдагæнæг фиддзæн хицæн бадзырдмæ гæсгæ
Курдиæттæ бадæттæн ис 2025 азы тæргæйтты мæйы 25 бонæй
Курдиæттæ бадæттыны фæстаг бон 2025 азы хуымгæнæны мæйы 7-æм бон
Равзæрсты хатдзæгты сарæзты бон 2025 азы хуымгæнæны мæйы 11 бон
3. Æндæр домæнтæ
Равзæрсты архайынмæ гæххæттытæм домæнтæ Амынд цæуынц хъусынгæнинагмæ бафтауæны

О проведении отбора предложений по открытию пункта общественного питания для обучающихся и работников СОГУ