ЦИПУ-йы физикон-техникон факультеты ацыд зындгонд миссионер, сауджын æмæ Мæскуыйы областы поселок Нахабинойы Георгийы номыл аргъуанæн разамынд дæттæг Павел Островскийы фембæлд студенттимæ.

Павел дзырдта йæ монон фæндагыл, студенттимæ ныхас кодта æмкъайадыл, уарзондзинадыл, æцæг уырнондзинадыл, хаста дæнцæгтæ йæхицæй æмæ дзуапп лæвæрдта фæрстытæн. Хъæрмуд æмæ æууæндон уавæры æрныхас кодтой монон цардыл, нырыккон царды бинонты æмæ кæрæдзи мидæг ахастыты тыххæй.

Фембæлды ма уыдысты Сыгъдæг Майрæмы аргъуаны клирик Иерей Хъуыссæты Игорь æмæ Дзæуджыхъæуы фæсивæды епархийы хайады сæрдар Иерей Дзеранты Георгий. Стæй уырыссаг чырыстон аргъуаны рауагъдады Советы специалист Андрей Степанов. Павелимæ фембæлд уый фæрцы арæзт æрцыд. Фембæлд рауадис тынг мидисджын æмæ æрныхас кодтой бирæ алыхуызон темæтыл.

Университеты дины минæвæрттимæ ахæм фембæлдтæ систы традицион æмæ студенттæн дæттынц уавæр семæ æргом ныхасæн.

В СОГУ состоялась встреча со священником Павлом Островским