Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостыйы номыл паддзахадон университеты байгом VIII сезоны олимпиадæ «Я-профессионал»-ы комкоммæ этап.

Уæлдæр ахуырадон уагдон ныр æртыккаг аз у олимпиадæйы æмаразæг Санкт-Петербурджы  паддзахадон университетимæ.

Ацы аз ЦИПУ-йы олимпиадæйы архайдзысты æртæ предметæй – «Географи», «Истори æмæ Уæрæсейы культурæ» æмæ «Æвзагзонынад æмæ литературæзонынад». Профессионалон ерысты сæ зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ равдисдзысты 34 адæймаджы, се ‘хсæн  ЦИПУ-йы 12 студенты.

Олимпиадæйы фыццаг архайджытæн абон раарфæ кодта университеты ахуыры хайады проректор Зæгæлты Зæлинæ. Ректоры номæй проректор архайджытæн балæвар кодта алкæмæн дæр йæхи номыл писмо арфæтимæ.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ студенттæн рæзынæн фадат чи дæтты уыдонæй иу у федералон проект «Россия – страна возможностей»-йы олимпиадæ «Я профессионал». Уæлдæр ахуырады программæтæй чи ахуыр кæны, уыдонæн æнæмæнг у дарддæр рæзын. Кусын сæ кæм фæнды, уыцы куыстдæттæг адæмимæ бастдзинæдтыл архайын, уæлдæр къæпхæнмæ схизынмæ уæлæмхасæн бартæ райсыныл бакусын. Æмæ сын ацы олимпиадæйы архайд уыцы гæнæнтæ дæтты», – фæбæрæг кодта Зæгæлты Зæлинæ.

Мадзал аразæг, СПбГУ-йы ахуырмæ исæг управленийы  профориентацион куысты хайады раззагдæр специалист, Вероника Генералова куыд фæбæрæг кодта, олимпиадæ «Я профессионал»-ы архайджытæ Цæгат Кавказы федералон зылдæй алы аз кæнынц фылдæр. «Мах тынг бузныг стæм Цæгат Ирыстоны паддзахадон университетæй, сæ фæзуаты нын кæй уыдис олимпиадæйы кæронбæттæн къæпхæн  саразыны бар. Олимпиадæ «Я профессионал» æрмæст сæ зонындзинæдтæ æмæ æнтыстдзинæдтæ равдисынмæ нæу, фæлæ ма се ‘мзонд æмгæрттимæ базонгæ уæвынмæ», – загъта Вероника Генералова.

Олимпиадæйы кæронбæттæн къæпхæны хатдзæгтæм гæсгæ архайджытæ æрцæудзысты хорзæхджынгонд. Дипломтæ чи райса, уыдонæн уæлдæр ахуырадон къæпхæнмæ хизгæйæ уыдзæн уæлдай бартæ, майдантæ чи райса, уыдонæн та балæвар кæндзысты æхцайы фæрæзтæ 300 мин сомы онг. Фæсивдæн ма сæ бон уыдзæн сæхи бафæлварын «Я профессионал»-ы индустриалон партнертæ олимпиадæйы карьерæйы порталы цы кусæн бынæттæ хъарынц, уыдоны.

В СОГУ стартовал финальный этап олимпиады «Я-профессионал»