ЦИПУ-йы бæстон цалцæджы фæстæ байгом сты студентты æмдзæрæнтæ. 355 бынаты цæттæ сты æрцæрынмæ. ЦИПУ-йы æмдзæрæнтæ бæстон сцалцæг кæнынмæ бахгæдтой 2024 азы хурхæтæны мæйы. Æхцайы фæрæзтæ рахицæн кодтой федералон программæмæ гæсгæ РЦИ-Аланийы наукæ æмæ уæлдæр ахуырады Министрады æххуысæй.
Фæсивæдон политикæйы æмæ административон куысты проректор Кокайты Алан æмдзæрæнтæ байгомы рæстæг ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Аланæн, РЦИ-Аланийы парламенты сæрдар Джанайты Барисæн, ахуыргæнджытæн æмæ студенттæн сарæзта афæлгæст дыууæ корпусыл.
«Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет у хæрзхъæд кусджытæ бацæттæ кæныны æрмадз. Ардæм æрбацæуынц студенттæ æлы регионтæ æмæ бæстæтæй. Абон цы нырыккон цæрыны уавæртæ федтон, уыдон мæ зæрдæмæ фæцыдысты. Ацы егъау проект здæхт у студенттæн æппæт цæрыны уавæртæ саразынмæ. Махæн та уый у сæйраг хæс, æххæст æй кæнæм федералон центр æмæ университетимæ иумæ», – загъта Джанайты Барис.
Æмдзæрæны сцалцæг кодтой 355 бынаты цæрынæн. Уæттæ сты дыууæ хуызы: иутæ гыццыл цæлгæнæнимæ, иннæтæ та æнæ уымæй. Алы уаты дæр ис сынтæг, алкæмæн дæр хицæнæй скъапп дзаумæттæн, кусынæн стъол, уазалгæнæн æмæ хæринаг хъармгæнæн пец. Уымæй уæлдай фæзынд иу ногдзинад – хицæн иубынатон уæттæ хи цæлгæнæн æмæ химæ базилæн бынатимæ. Уым цæрдзысты аспиранттæ æмæ иттæг хорз чи ахуыр кæны, ахæм студенттæ. Æмдзæрæны ма ис инвалидтæн цæрыны уавæртимæ уæттæ дæр.
Цæрæн уæттæй уæлдай ма цалцæггонд æрцыдысты иумæйагæй кæм архайдзысты æрвылбон, уыцы бынæттæ дæр. Алы уæладзыгыл дæр ис цæлгæнæнтæ, хи найæн æмæ химæ зилæн уæттæ, дзаумæттæ æхсæн æмæ сыл иту сæвæрыны бынæттæ. Студенттæн фæзындысты хæрæндæттæ, уым сæ бон уыдзæн иумæ æмбырд кæнын дæр. Сарæзтой улæфыны æмæ кусыны бынæттæ телевизортæ æмæ компьютертимæ.
«Нæ студенттæн абон ис æппæт уавæртæ ахуыр кæнынмæ дæр æмæ сæ улæфты рæстæг æрвитынмæ дæр. Æз арфæ кæнын æмдзæрæн чи цалцæг кодта, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр: аразджытæн, дизайнертæн, университеты кусджытæн æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, республикæйы хицауадæн, се ‘ххуысы тыххæй. Ам алцы дæр арæзт у зæрдиагæй æмæ мæ уырны, ахæм уавæрты нæ студенттæ ахуыры дæр æмæ наукæйы дæр иттæг хорз сæхи кæй æвдисдзысты», – загъта ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан.
Студенческие общежития СОГУ открылись после капитального ремонта