Æртæ боны дæргъы, тæргæйтты мæйы 28 бонæй 30 бонмæ VIII сезоны олимпиадæ ацæудзæн Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты. Олимпиадæйы архайджытæ сæхи фæлвардзысты æртæ предметæй – «Географи», «Истори æмæ Уæрæсейы культурæ» æмæ «Æвзагзонынад æмæ литературæзонынад». Профессионалон ерысты сæ зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ равдисдзысты 34 адæймаджы, се ‘хсæн ЦИПУ-йы 12 студенты.
ЦИПУ (https://t.me/sogu_news) фæд-фæдыл цалдæр азы архайы СПбГУ-имæ (https://spbu.ru/) æмаразæгæй æмæ йæ фæзуаты цæуынц кæронбæттæн ерыстæ.
Олимпиадæйы кæронбæттæн къæпхæны хатдзæгтæм гæсгæ архайджытæ æрцæудзысты хорзæхджынгонд. Дипломтæ чи райса, уыдонæн уæлдæр ахуырадон къæпхæнмæ хизгæйæ уыдзæн уæлдай бартæ, майдантæ чи райса, уыдонæн та балæвар кæндзысты æхцайы фæрæзтæ 300 мин сомы онг. Фæсивдæн ма сæ бон уыдзæн сæхи бафæлварын «Я профессионал»-ы индустриалон партнертæ олимпиадæйы карьерæйы порталы цы кусæн бынæттæ хъарынц, уыдоны.
Олимпиада «Я-профессионал»-ы VIII сезоны дипломтæ чи райса, уыдоны нæмттæ бæрæг уыдзысты 2025 азы хурхæтæны мæйы.
Проекты тыххæй фылдæр базонæн ис порталы официалон сайтыл. (https://yandex.ru/profi/)
СОГУ станет площадкой для финального этапа олимпиады «Я-профессионал»