ЦИПУ-йы ацыд университеты студентты проект дискуссион клуб «Фабрика мысли»-йыл æрныхас, рамбылдта Росмолодежы грантон конкурс. Ныхасы мидис – дзæгъæлдзу куыйты проблемæ на республикæйы уынгты.

Сæ хъуыдытæ уый фæдыл загътой студенттæ æмæ Дзæуджыхъæуы цæрæгойты хъомылгæнæндоны, æнæниздзинады уагдæтты, цæрæгойты хъахъхъæнджыты, волонтерты æмæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ.

Æрныхасы архайджытæй иу дæр разы нæ уыд, проблемæ кæй ис равзарæн куыйты фехсын кæнæ бафынæй кæнынæй. Фæлæ, куыд фæбæрæг кодтой, дзæгъæл куыйтæн сæ нымæц фæкъаддæр кæнынæн зæрдæхæлар фæрæзтæ дæр зын ссарын кæй у.

Уыдоны хыгъд, республикæйы хъомылгæнæндæтты чысыл нымæц, цæрæгойтæ та дзы, цы ‘мбæлы, уымæй фылдæр. Стæй æхцайы фæрæзтæ дæр фаг не сты.

Дзырдтой, хæдзарон цæрæгойтæ чи дары, уыдоныл юридикон æгъдауæй цæмæй хъомыс цæуа. Æнæмæнг цæмæй фыст цæуой, æгæр бирæ сæ куы скæной æмæ сæ куы æппарой, уæд та сæ хицæутты фæивар кæнын.

Цæрæгойты хъахъхъæнджытæ куыд загътой, фæфылдæр кæнын хъæуы хæдзарон цæрæгойты ссыгъдæг кæныны процедурæтæ. Фæлæ фембæлды архайджытæ фæбæрæг кодтой, ахæм хуызы операцитæ чи скæна, ахæм ветеринарон хирургтæ кæй нæ фаг кæны республикæйы. Ветеринарон факультетты рауагъдонтæ кусынмæ ацæуыц хæдбар кусæндæттæм, абитуриенттæ та гыццыл.

Фембæлды кæрон æрныхасы архайджытæ сразы сты, дзæгъæлдзу куыйты проблемæ кæй у актуалон æмæ æнæмæнг хъæуы ссарын эффективон мадзæлттæ йæ равзарынæн.

Бродячие животные — братья наши меньшие или угроза?