Вахтанговы Хæдзары ацыд станицæ Черноярскийы Терскийы хъазахъхъаг æфсадæй рацæуæг булкъон Хуытъиты Степаны фырт Георгийы мемуарты дыууæ чиныджы презентаци.

Арфæйы ныхас уазджытæн загъта Хуссар Ирыстоны Парламенты сæрдар Гасситы Знаур, уый æрбацыд Хуссар Ирыстоны делегаттимæ. Уазджытæн æгасцуйы ныхас загъта РЦИ-Аланийы националон политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты министр Бæгъиаты Алан дæр. Фæмбæлдæн амонæгæй ныллæууыд ЦИПУ-йы историон факультеты декан Плиты Зæлинæ.

Уæрæсейаг историон æхсæнады Правленийы сæрдар Гæгкуты Руслан базонгæ кодта, йæхæдæг дæр æмавтор кæмæн у, уыцы чиныг «Борьба терских казаков с большевиками»-имæ. Уый радзырдта булкъон Хуытъиты Георгийы царды хабæртты тыххæй æмæ Уæрæсейы Граждайнаг хæсты дуджы хицæндзинæдты тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, булкъоны мемуартæ сты вызыгджын документтæ терскæйаг хъазахъхъæгты большевикты ныхмæ сыстады историографийæн, уымæн æмæ булкъон йæхæдæг уыд йæ сæйраг аразæг.

«Булкъон Хуытъиты Георгийы мемуартæ сты Фыццаг æппæтдунеон æмæ Граждайнаг хæстыты мысæнты æмбырдгонд. Уый бæстон æрфыста хæстон цауты цыд æмæ Хъазахъхъаг-Кусæг адæмæй гæрзифтонг Советы иумæйаг уавæр. Йæ къухфыстыты равдыста урс офицеры егъау æмæ объективон цæстæнгас уыцы цаутæм», – загъта Гæгкуты Руслан.

Чиныджы бæстон дзырд цæуы 1918 азы Терскийы хæстон сыстады фæдыл, Цæгат Кавказы терскæйæгты 1920 азы æмбырдыл, Кубаны 1920 азы терскæйаг хъазахъхъæгты десанты архайды хæрз гыццыл æвдисæнтыл, Заднепровскийы операци æмæ Буденныйы бæхæфсады ныхмæ архæйдтыл.

Чиныджы æмавтор Юрий Пыльцин, Екатеринбурджы Мультимедийон парк «Уæрæсе – Мæ истори»-йы экскурсион хайады хицау радзырдта, чиныгыл куыст куыд цыди, уый тыххæй. Сæйраг хицæндзинад уыдис уый мидæг, æмæ булкъоны къухфыстытæ уыдысты æрмæст сауфыст. Куыд загъта, афтæмæй стыр куыст бакодтой мемуарты бирæ скъуыддзæгтæ равзарыны. Рауагъдмæ бацыдысты булкъоны сарæзт хæстон змæлдты 10 картæйы.

Хъазахъхъаг рагзамантæ уарзæг Терский æхсæнад кæй уадзы, уыцы «Терский сборник»-ы фæлгæтты ма бацæттæ кодтой иу мемуарты рауагъд. Йæ кой кодта йæ автор, Минераловодский горæтаг æхсæнады атаман, æмбырдгонды редакцион коллегийы разамонæг Олег Губенко. Уый куыд загъта, афтæмæй чиныг «Борьба терских казаков с большевиками»-имæ абаргæйæ «Терский сборник»-ыл куыст цыдис уæлæнгайдæр æмæ йæ кæсджыты нымæц уыдзæн уæрæхдæр.

Йæ арæзтмæ гæсгæ булкъон Хуытъиты Георгийы мемуартæ дихгонд цæуынц фронттыл: грознайаг, прохладныйы, гураг, хъызлары. Уый чиныг кæсæгæн æххуыс у регионы хæстхъом æмæ политикон уавæр, стæй уыцы рæстæг Теркыл националон фарст бамбарынæн.

«Хуытъиты Георгийы мемуарты сæйраг хицæндзинад ис уый мидæг, æмæ  чиныг кæсæджы фестын кæны Уæрæсейы Граждайнаг хæсты рæстæджы. Ныры цæрджытæн  уæды цаутæ мах бæстæйы историйæн сты вазыгджын дуг. Ацы рауагъдты фæрцы махæн нæ бон уыдзæн бахъахъхъæнын  нæ историон  мысæн æнæ мифтæй æмæ æрымысгæ хабæрттæй»,- загъта Георгий Губенко.

Чиныджы равдыст кæронмæ ахæццæ кодта историон наукæты кандидат, Цæгат Ирыстоны археологи æмæ историйы институты кусæг Феликс Киреев. Дзырдта XX æнусы историон цауты архайджыты мемуартимæ куыстыл.

Презентацийы фæстæ сæ хъуыдытæ загътой Хуссар Ирыстоны Тыбылты Алыксандры номыл паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим, ВНЦ РАН директор Цыбырты Алексей, РЦИ-Аланийы Архивон службæйы директор Зассеты Ларисæ. Мадзал фæцис 1928 азы фыст черноярскæйаг хъазахъхъæгты тыххæй зарæгæй.

Во Владикавказе презентовали мемуары времен Гражданской войны