Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты кадджын уавæры байгом кодтой дыууæ фæзы мини футболæй.
Фæзтæ аразынæн æхца рахицæн кодтой федералон субсидийы хуызы æмæ университеты бюджеты æдде фæрæзты фæрцы. Стыр материалон æхууыс бакодта ЦИПУ-йы рауагъдон, зындгонд спортсмен, меценат Хæдарцаты Махарбек.
Быдыры фæзуат у 42×48 метры – адих кæнæн æй ис дыууæ хайыл, иу рæстæг дзы цæмæй дыууæ тренеровкæйы цæуа. Трибунæтæ арæзт сты 456 бынатæн. Ног фæзтæ æххæст сты тренеровкæтæ æмæ ерыстæн цыдæриддæр æмбæлы, уымæй. Трибунæты бын ис дзаумæттæ ивæн, хинайæн, хихсæн æмæ химæ базилæн бæстыхæйттæ.
ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан йæ раныхасы бузныджы ныхас загъта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн йе ‘ппæтвæрсыфг æххуысы тыххæй университетæн æмæ фæнысан кодта, мини футболæй фæзты байгом стыр ахъаз кæй у студенттæн спорты рæзын æмæ сæхиуыл кусыны.
«Нæ студенттæн, нæ ахуыргæнджытæн æмæ футбол уарзджытæн се ‘ппæтæн дæр ма иу гæнæн сæхиуыл кусынæн. Мæн хъæддыхæй уырны, абон ацы фæзыл цы студенттæ хъаздзысты, уыдон кæй сты фидæны уæлдæр лигæ æмæ æхсæнадæмон ерысты хъæзтыты архайджытæ» – загъта Огъуаты Алан.
Университетмæ ацы нысаниуæгджын цауы фæдыл æрбацыд æмæ раарфæ кодта Черчесты Станислав дæр– советон уæрæсейаг футболист, вратарь æмæ футболæй тренер, Уæрæсейы сгуыхт тренер, ЦИПУ-йы рауагъдон.
«ЦИПУ-йы мини футболы фæзтæ, æз куыд æнхъæл уыдтæн, уымæй бирæ хуыздæр разындысты. Цыфæнды университетæн та тынг ахсджиаг у ахæм стыр æххуыс», – загъта Черчесты Станислав.
Æмбырды ма уыдысты РЦИ-Аланийы УФ Слесгæнæн комитеты слестгæнæн хайады разамонæг Валерий Устов, Уæрæсейы наукæ æмæ уæлдæр ахуырады Министрады ахуырадон уагдæтты координацион архайды департаменты директоры хæдивæг Дамбегты Аслан, ЦИПУ-йы географи æмæ геоэкологийы кафедрæйы сæргълæууæг, РЦИ-Аланийы мини футболы федерацийы президент Лолаты Алан.
Уазджытæй, Огъуаты Алан сæ сæргъы афтæмæй, сарæзтой ЦИПУ-йы командæ æмæ ахъазыдысты ног фæзыл спортивон клуб «Атлант»-ы студентты командæимæ. Фыццаг гол бакъуырдта фæсивæдон политикæ æмæ административон куысты ректоры хæдивæг Кокайты Алан. Хæларзæрдæ фембæлд фæцис 5:5.
ЦИПУ-йы мини футболы фæзтæ 2021 азы райдыдтой аразын ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан æмæ ЦИПУ-йы рауагъдон, меценат Хæдарцаты Махарбеджы æхцайы фæрæзтæй æххуысы фæрцы. Уæлдай тынг æххуыс бакодта Уæрæсейы Наукæ æмæ Уæлдæр ахуырады Министрад.
Фидæны пъланты – буфеты байгом æмæ университеты æппæт фæзуаты райрæзт, уый уыдзæн фæсивæдæн сæ рæзтæн æмæ улæфты рæстæг æрвитынæн алцæмæй æххæст инфраструктурæ саразынæн.