Дзæуджыхъæуы хатдзæггонд æрцыд скъоладзауты историйæ Æппæтуæрæсеон олимпиадæйы кæронбæттæн къæпхæны фæстиуджытæн. Финалмæ рацыдысты 343 архайæджы 81 регионæй, уыдонимæ Донецкы адæмон республикæ æмæ Запарожский областæй.
Дипломтæ райстой олимпиадæйы 26 уæлахиздзауы æмæ 133 призеры. Хуыздæр бæрæггæнæнтæ равдыстой скъоладзаутæ Мæскуыйæ, Мæскуыйы областæй, Санкт-Петербургæй, Татарстанæй, Краснодар æмæ Ростовæй.
Уымæй уæлдай, историйæ олимпиадæйæн æхцайы фæрæзтæй сæрмагонд æххуысгæнæг компани «OZON» снысан кодта скъоладзауты Æппæтуæрæсеон олимпиадæйы 11-æм къласонты ‘хсæн 10 уæлахиздзауæн стипенди. Уæлдæр ахуырадон уагдæтты фаццаг аз ахуыргæнгæйæ уæлахиздзаутæ 2025 азы кæфты мæйæ 2026 азы сусæны мæймæ исдзысты стипенди 15000 сомы бæрц.
Историйæ олимпиадæйы кæронбæттæн къæпхæн цыди æртæ турæй.
Олимпиадæйы кадджын уавæры сæхгæды архайдтой республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы сæргълæууæг Сергей Меняйло, РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Элла Алибекова, ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан. Сæрмагонд уазæг уыди Уæрæсейы Федерацийы рухсады Министрады паддзахадон иумæйагахуырадон политикæ æмæ скъолайы агъоммæ ахуырады райрæзты департаменты директоры хæдивæджы хæстæ æххæстгæнæг Александр Реут.
Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло раарфæ кодта олимпиадæйы архайджытæн:
«Алы регоионы хæзна сты йæ цæрджытæ. Æмæ цас фылдæр нын уа гæнæнтæ кæрæдзи базонынæн, уыйас уыдзыстæм æнувыддæр. Мæн уырны, махмæ чи æрцыд, уæлдайдæр, Сыбырæй æмæ Дард Скæсæнæй, сæхицæн райстой цыдæртæ ногæй. Фæлæ сæйрагдæр – базонгæ стут, кæрæдзи федтат, уæ тыхтæ бавзæрстат. Ацы фембæлд уæ царды ахсдзæн ахсджиаг бынат. Арфæйы аккаг ут!»
«Цæгат Ирыстоны 10 боны фæсте аззадысты. Мах æрвылбон уæ алкæуыл дæр цин кодтам, нæ цæст дардтам Æппæтуæрæсеон олимпиадæйы цыдмæ. Махæн уæ алчи дæр вазыгджын у! Мæн уырны, алкæй дæр уæ кæй бафæнддзæн ногæй Цæгат Ирыстонмæ æрыздæхын. Æнæнхъæлæджы хатдзæгтæ нæ вæййы, сымах бæстон куыст бакодтат. Чидæр уæ сси призер, кæмæндæр та нырма разæй сты йе сгуыхтытæ. Бирæтæ ацы аз цæудзысты уæлдæр ахуырадон уагдæттæм. Мæ зæрдыл дарын, абон кæй райстат билет фидæнмæ», – финалисттæн загъта Элла Алибекова.
«Мах фырцины æфтыд стæм, сымах кæй суазæг кодтам нæ республикæйы, нæ горæты, нæ университеты, уымæй. Сымах уе ‘ппæт дæр ныридæгæн стут уæлахиздзаутæ, уымæн æмæ стут финалисттæ. Уе ‘ппæтæн дæр бузныг. Арфæ кæнын уæлахиздзаутæн, призертæн æмæ олимпиадæйы æппæт архайджытæн» , – загъта ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан.
Уæрæсейы Федерацийы рухсады Министрады паддзахадон иумæйагахуырадон политикæ æмæ скъолайы агъоммæ ахуырады райрæзты департаменты директоры хæдивæджы хæстæ æххæстгæнæг Александр Реут УФ-йы рухсады Министрады номæй раарфæ кодта олимпиадæйы финалисттæн æмæ сæ зондамонджытæн.
«Мадзал аразджытæ иттæг хорз бацæттæ кодтой алцыдæр, цæмæй сымах уæхи куыд уæхи хæдзары æнкъарат. Мæн фидарæй уырны, ацы къуыри Цæгат Ирыстоны уыдзæн зынгæ æмæ фидар къахдзæф уæ кары царды. Истори зонынмæ кæй тырнут, уый у дуне æмбарнымæ фæндаг, байгом уын кæндзæн дуæрттæ алы дæсныйæдты къабæзтæм. Уымæ гæсгæ уын мæ зæрдæ зæгъы фидæны уæлахизтæ ахуыры дæр, профессионалон царды дæр æмæ наукон куысты дæр. Æмæ фыццаджы дæр, куыд хъуыды кæнын, Фыдыбæстæйы сæраппонд. Æнтыстджын ут!» – загъта Александр Реут.
Скъоладзауты историйæ æппæтуæрæсеон олимпиадæйы уæлахиздзауты дипломтæй схорзæхджын кодта Мæскуыйы паддзахадон университеты историон факультеты президент академик Сергей Карпов.
«Бахъахъхъæнут уыцы ерысгæнæн æнкъарæн. Уымæн æмæ ахсджиаг у æрмæст уæлахиз нæ, фæлæ хæлардзинад, кæрæдзиуыл æууæнк æмæ æхууыс, уымæн та йæ гуырæн ис æртæккæ ам. Æмæ цыфæнды æнтыстджын куы суат, уæддæр-иу хъуыды кæнут, уæ бон цы у саразын уæ хиуæттæн, уæхицæн, нæ райгуырæн бæстæйы райрæзтæн»,/
– фæбæрæг кодта уый.
Дипломы победителей всероссийской олимпиады школьников по истории получили 26 человек