Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы паддзахадон университеты спорты Галуаны ацыд гом турнир волейболæй Цæгат Каваказы чызджыты командæты ‘хсæн.
Турниры архайдтой волейболæй командæтæ Дзæуджыхъæуæй, Армавирæй, Махачкалайæ, Стъараполæй, Кисловодскæй æмæ æндæр горæттæй.
Турнир нывондгонд уыдис Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты физикон культурæ æмæ спорты факультеты доцент Айдарты Тазейы фырт Хъазыбеджы номыл. Уый тынг уарзта волейбол, бирæ азты дæргъы куыста ЦИПУ-йы спортивон хъæзтыты кафедрæйы æмæ уыдис чызджыты волейболы командæйы сæйраг тренер. Йæ разамындæй командæ æмбылдта националон чемпионаттæ.
Турниры хорзæх кæныны церемонийы архайдтой ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан, физикон культурæ æмæ спорты декан Дмитрий Карасев, РЦИ-Аланийы фæллой æмæ социалон райрæзты экс-министр, Хъазыбеджы чызг Айдарты Алинæ.
Ерыстæ цыдысты зæрдæвæрæны 24 æмæ 25 бонты æртæ этапæй: командæ ахъазыдысты къорды этап, полуфинал æмæ финал. Ерысты хатдзæгтæм гæсгæ фыццаг бынат бацахста ППУ командæ (Пятигорск), дыккаг бынат – ЦИПУ-йы командæ, æртыккаг бынат – ДПУ командæ (Махачкала).
ЦИПУ-йы командæйы архайджытæ ма райстой хицæн хæрзиуджытæ. Турниры Хуыздæр хъаззæг уыдис Хынцæгты Камиллæ, хуыздæр бадæттæг та – Куыдзиаты Анжелæ.
В СОГУ прошел открытый турнир по волейболу среди женских команд СКФО