Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты рауагъдон Калоты Аслан сси æрвылазон конкурс «РЦИ-Аланийы хуыздæр педагог»-ы уæлахиздзау номинаци «Педагогон дебют»-ы.

Калоты Аслан бакалавры къæпхæн райста æхсæнадæмон ахастыты факультеты «Лингвистикæ»-йы хайады, магистры къæпхæн та райста психологон-педагогон факультеты программæ «Ахуырадон уагдоны разамонæг»-мæ гæсгæ. Ныртæккæ кусы Мичурины скъолайы англисаг æвзаджы ахуыргæнæгæй, зоны цыппар фæсарæйнаг æвзаджы, фыссы æмдзæвгæтæ, интернеты йын ис йæхи канал, ансамбль «Горец»-ы солист æмæ ленк кæнынæй спорты мастермæ кандидат.

Конкурс «РЦИ-Аланийы хуыздæр педагог»-ы хайад истой Дзæуджыхъæуы ахуырадон уагдæттæй 98 ахуыргæнæджы. Ерыс кодтой гом уроктæ, мастер-класстæ æмæ æхсæнадон раныхас аразынæй.

Конкурсы хатдзæгтæм гæсгæ 6 номинацийы равзæрстой сæ хъуыддаджы иттæг хорз чи арæхсы ахæмты: «Хуыздæр къласы разамонæг», «Педагог-психолог», «Хуыздæр ахуыргæнæг», «Педагогон дебют», «Хуыздæр хъомылгæнæг», «Хуыздæр дæсны».

Выпускник СОГУ Аслан Калоев стал одним из победителей конкурса «Педагог года РСО-Алания»