Кæсæг-Балхъары республикæйы цæуы Централон, Цæгат-Ныгуылæны, Хъуссар федералон зылдты Уырыссаг географион æхсæнады регионалон хайæдты сæрдарты иумæйаг æрбадт.

Сесси баиу кодта УГÆ регионалон хайæдты 40 разамонæгæй фылдæр – федералон университетты ректорты, музейты, географи æмæ йемæ баст наукæты институтты директорты.

Форум арæзт æрцыд организацийы байгомæй 180 азмæ. Цыппар боны дæргъы, зæрдæвæрæны 28-31 бонты архайджытæ æрдзурдзысты УГÆ-йы дæсныйады бындурон фæзилæнтыл, регионалон хайæдты райрæзты иумæйаг бакустыл, УГÆ-йы XVII Съездмæ цæттæдзинадыл, 2025 азы вазыгджындæр проекттыл.

Цы фарстатыл дзырдтой, уыдоны ‘хсæн уыдис фæсивæдон змæлды райрæзт, экспедицион æмæ рауагъдон дæсныйад, пертнертимæ ахастытæ, гранттæн æххуыс æмæ УГÆ-йы медиатыгъдады фылдæр архайд.

Уæлдай хъусдард цæудзæн регионалон хайæдты минæвæртты ныхасмæ, уыдон сæ куысты хатдзæгтæ рæгъмæ рахæсдзысты æмæ фидæнмæ сæйрагдæр хæстæ снысан кæндзысты. Хъуыддагыл æрныхасæй уæлдай ма архайджытæ базонгæ уыдзысты Кæсæг-Балхъары æрдзон æмæ культурон бынтимæ.

Ректор СОГУ Алан Огоев принял участие в сессии РГО в Нальчике