ЦИПУ-йы психологон-педагогон факультеты магистратурæйы 2-æм курсы студент Джызойты Ацæмæз сси СТС-ы телеуынадон программæ «Хъæбатырты хъæзтыты» уæлахиздзау.
Равдысты хъайтартæ уыдысты нæ бæстæйы 100 хъæбатыры 18 азæй 70 азмæ. Архайджытæ уырыссаг аргъæуттæм гæсгæ алыхуызон уникалон фæлварæнтæ ацыдысты – лæууыдысты планкæйы, ратухын хъуыд километры бæрц бæндæны къуыбылойтæ, бацыдысты тохы хъæдын цæгъдæджытимæ, здыхтой, тоннæйы бæрц чи ласта, ахæм кæсагахсæн хыз æмæ æндæр ерыстæ. Финалы та сæ бахъуыд æппæтæй зындæр фæлварæн «Кудыкины хох» ацæуын.
Джызойты Ацæмæз бацахста фыццаг бынат нæлгоймæгты ‘хсæн, райста нæ бæстæйы сæйраг богалы кубок æмæ 5 милуан сомы.
Кæй зæгъын хъæуы, фыццаг мæхи дæр нæ уырныдта, нæ бæстæйы æппæтæй тыхджындæр 49 нæлгоймагыл кæй фæуæлахиз дæн. Ацы шоуы фæрцы мæ бон баци равдисын, Ирыстонæн кæй ис йæхи богæлттæ æмæ мæн хуызæн хуымæтæг фæсивæдæн сæ бон кæй у рамбулын егъау телепроекты», – загъта Ацæмæз.
Студент СОГУ Ацамаз Гизоев победил в «Богатырских играх» на СТС