Ираны сæйраг горæт Тегераны кадджын уавæры байгом кодтой зындгонд ирон поэт æмæ фыссæг Хетæгкаты Къостайæн цыртдзæвæн. Хайад дзы истой, йæ сæргъы Огъуаты Аланимæ, Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты делегаци дæр.
Мадзал арæзт æрцыд Алламе Табатабаийы номыл университеты поэты зындгонд æмбырдгонд «Ирон фæндыр»-ы мыхуыры рацыдæй 126-æм азмæ. Уæрæсе æмæ Ираны ‘хсæн ацы цау сси культурон бастдзинæдтæ фидар кæныны нысан.
Ректор Огъуаты Алан раарфæ кодта Ираны университеты разамонджытæн, ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæгæн сæ кæй бафæндыд цыртдзæвæн байгом кæнын, уый фæдыл æмæ фæнысан кодта дыууæ бæстæйы культурон æмахастытæ ахсджиаг кæй сты. Йæ раныхасы ма зæрдыл æрлæууын кодта, 2019 азы ЦИПУ-йы зындгонд персайнаг поэт, эпикон поэмæ «Шахнаме»-йы автор Фирдоусийæн каджын уавæры кæй байгом кодтой цыртдзæвæн, уый дæр.
«Иран нын зынаргъ лæвар скодта, æмæ уын мах дæр дзуаппы хуызы æрбаластам Дзæуджыхъæуы Кадджын Абулькасим Фирдоусийæн байгом цыртдзæвæны сурæт. Ахæм мадзæлттæй æрмæст нæ кадджын хистæртæн æгъдау нæ кæнæм, фæлæ ма Уæрæсе æмæ Ираны ‘хсæн дæр æмæ нæ университетты ‘хсæн ахастытæ дæр фидардæр кæнынц», -загъта ректор.
ЦИПУ-йы делегаци зæрдæхæлар нысаны хуызы сæ ирайнаг æмкусджытæн балæвар кодтой персайнаг æвзагмæ ратæлмацгонд зындгонд «Ирон фæндыр»-ы экземпляр.
Огъуаты Алан æмбырдгонды презентацийы рæстæг фæнысан кодта, чиныджы тæлмац тынг диссаджы цау кæй у. Тæлмацгонд цыдис, йæ равзæрдмæ гæсгæ хион æмæ хæстæг æвзагмæ, бахъахъхъæдта æрмæст бындурон лексикæ нæ, фæлæ ма мингай азты сæрты хаст иумæйаг бындурон историон-культурон бынтæ.
«Ацы æмбырдгонд у Къостайæн, æнустæм ын йæ ном æнæмæлгæ чи скодта, ахæм сфæлдыстадон æнтыстыты бæрзæнд. Æмбырдгонд мыхуыры рацыд 1899 азы æмæ сси алы ахуыргонд ирон лæгæн дæр, æппынæдзух йæ къухы бын чи уыди, ахæм чиныг. Къоста дæр Фирдоусийау хуымæтæг фыссæг нæ уыд – дзырдта рæстад æмæ куырыхондзинадыл. Йæ литературон бынтæ нæ ахуыр кæнынц мадæлон æвзагæн, историйæн æмæ намысæн аргъ кæнын. Ныр йæ сурт уæ университеты кадджын бынат бацахста, уæ ног фæлтæрæн та уыдзæн нæ адæмы истори æмæ культурæимæ базонгæ кæнынæн фадат», – загъта Огъуаты Алан.
2014 азы ЦИПУ Ираны республикæйы пысылмон Минæварады цур культурон хайадимæ бафыста бардзырд, ЦИПУ-йы ирайнаг культурæйы Центр байгом кæныны фæдыл.
Æнгом æмгуыстад Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет æмæ Тегераны университет Алламе Табатабаимæ цæуы 2016 азæй. Ректортæ, Огъуаты Алан æмæ Хоссейн Салими, бафыстой æмгуыстады тыххæй бардзырд. Тегераны университет бæстон æркаст ЦИПУ-йы ахуырадон æмæ наукон-иртасæн куыстыты гæнæнтæм.
2018 азæй Алламе Табатабаийы университетимæ баныхасы фæстæ ЦИПУ-йы историон факультеты бакалавриаты хайады ахуыр кæнын райдыдтой «Востоковедение и африканистика (иранское направление)»-мæ здæхт ахуырадон программæйæ. Афтæ магистратурæйы хайады та – «Иран в современную эпоху («Regional studies: Iranian studies»)»-йы программæйæ.
Делегацийы минæвæрттæ уыдысты фæсивæдон политикæ æмæ административон куысты ректоры хæдивæг Кокайты Алан, историон факультеты декан Плиты Зæлинæ, Уæрæсейы историйы кафедрæйы сæргълæууæг Бзарты Руслан, театралон аивады кафедрæйы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг æмæ ВНЦ РАН-ы директор Цыбырты Алексей. Скульптурæйы автор – Хайаты Ибрагим.
В Иране установлен памятник осетинскому поэту Коста Хетагурову