Хетæгкаты Къостайы номыл ЦИПУ-йы театралон хайады ирон студи Арт-кафе Вахтанговы Хæдзары сценæйыл бацæттæ кодтой театралон миниатюрæты премьерон равдыст А.П.Чеховы уацмыстæ «Предложение» æмæ «Медведь»-мæ гæсгæ.
ЦИПУ-йы аивæдты факультеты актерты хайады студенттæ театралон миниатюрæтæ бацæттæ кодтой А.П.Чеховы райгуырдæй 165 азмæ РЦИ-Аланийы Адæмон артист Æлбегты Аланы разамындæй. Режиссер-педагог – РЦИ-Аланийы аивæдты сгуыхт архайæг Цæгæраты Руслан.
Спектаклы мидис сарæзтой А.П.Чеховы дыууæ пьесæйы «Предложние» æмæ «Медведь». Адæймаджы удыхъæды хæрз чысыл фезмæд уынæг дæсны, дохтыр Чехов ныффыста дыууæ анекдоты XIX æнусы провинциалон царды тыххæй. Цы дыууæ худæг цауы тыххæй радзырдта, уыдоны дыууæ хъайтары æнæхъуаджы ныхас рахызт ныхмæлæудмæ.
Спектаклмæ кæсджыты цымыдисы бафтыдтой адæймаджы удыхъæды алыхуызон миниуджытæ – уæззау æнаккагдзинадæй зæрдæмæхъаргæ лирикæмæ. Уыцы «рухс æмæ бæрзонд» историйы тыххæй æнкъарæнтæ – уарзондзинад, амонд, уалдзыгон зæрдæйы уаг, сылгоймаг æмæ нæлгоймаджы ‘хсæн ахастдзинæдтæ – зæлынц Чеховы ницæимæ абаргæ уагыл. Кредитор æмæ идæдз усы ‘хсæн сæвзæргæ æнкъарæнты цау театрмæ кæсæгмæ сæвзæрын кодта æнахуыр цæстæнгас.
Æрыгон актерты иттæг хорз хъазт театрмæ кæсæджы бафтыдтой Чеховы радзырдты æнахуыр уавæры. Диссаджы энерги, худын, сфæлдыстадон æгъдаухæлд, А.П.Чеховы сфæлдыстадмæ уарзондзинад, артистты схорзæхджын кодтой æккаг къухæмдзæгъдæй! Сæ рольтæ иттæг хорз ахъазыдысты:
«Предложение»
Степан Чубуков – Тыбылты Вадим
Наталья Степановна – Зæлойты Дианæ
Иван Ломов – Дзиготы Алан
«Медведь»
Елена Попова – Къаболаты Изабеллæ
Григорий Смирнов – Хамихъоти Алан
Лука – Тыбылты Вадим