Зынаргъ æмбæлттæ!
Абон не стыр бæстæ бæрæг кæны Уæрæсейы бон – нæ иумæйаг хъысмæты бæрæгбон. Ацы бон нысан кæны, нæ паддзахады цæрæг дзыллæйы иудзинад, йæ историйы ис бирæ хъайтардзинад удуæлдайдзинад, сгуыхтдзинад.
Нæ Уæрæсе у цытджын бæстæ, хъæздыг у йæ культурæ, истори æмæ æрдзæй. Уæрæсе у разагъды ахуыргæндтæ, фысджытæ, нывгæнджытæ музыканттæ æмæ спортсменты Райгуырæн зæхх, милуангай адæмтæн сæхи историимæ.
Нæ бæстæйы хъæздыгдзинад сты Уæрæсейы адæм, иу сæ кæны сæ Фыдыбæстæмæ уарзондзинад,
Цæгат Ирыстонæн ацы бон ис, сæрыстыр цæмæй уа, ахæм мысæн, нæ рагфыдæлтæ равзæрстой Уæрæсеимæ баиу.
Ацы бæрæгбон уын уæд нæ цытджын бæстæйы фидæныл сагъæсы, истори мысыны нысан, абон цы цаутæ бацæудзысты историмæ, уым цæмæй уæхи банкъарат архайæгæй.
Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд, зынаргъ æмбæлттæ! Уæ цард Уæрæсейы уæд бæркадджын æмæ райдзаст!