Дзæуджыхъæуы сагъд туйæтæ ныр æртæ азы хъыгдард æййафынц кипарисон златкæйы низæй. Уымæн йæ бон у апарахат уæвын иннæ нæзыйы бæлæстыл дæр. Низы цырен рæзт баст у, фæсарæйнаг бæстæтæй низджын зайæгойты æрбаластмæ хъæугæ хъусдард кæй не ‘рцыд, уыимæ.
Туйæты арæхдæр фембæлгæ тас у кипарисон златкæ, хъæндил – зианхæссæг, Уæрæсейы хуссар регионты кипарисон бæлæстæ хъыгдарæг. ЦИПУ-йы хими, биологи æмæ биотехнологийы факультеты доцент Игорь Николаев куыд зæгъы, ацы хъæндил ныр æртæ азы хъыгдары горæты сагъд туйæтæ. Кæд фыццаг азты златкæйы æфхæрд тынг нæ фæзынд, уæд ацы аз уырынгонæй æфхæрд бæлæсты нымæц зынгæ фæфылдæр нæ горæты.
«Бæласæн йæ цъар куы афадай, уæд фенæн ис зианæййафæджы фæд æмæ йæ быр. Туйæ ныббур вæййы, стæй бахус вæййы бынтондæр. Рагацау зæгъæн ис, нæ горæты туйæты зынгæ хай бахус уыдзысты. Тæссаг ма у уымæй, æмæ кипарисон златкæйæн йæ бон у ахизын нæ республикæйы хæхты зайæг æхсæлымæ», – загъта Игорь Николаев.
Факультеты ахуыргæндты хъуыдым гæсгæ аххосæгтæ баст сты базарадон ахастытимæ. Зианхæссæг ласт цæуы Уæрæсемæ Европæйаг питомниктæй талатимæ. Дарддæр сæ ласынц Краснодармæ æмæ Цæгат Кавказмæ. Уым та зианхæссæгæн хуыздæр æрдзон уавæртæ кæм ис, уым парахат кæны.
Ахæм уавæр ма уыдис 2012 азы Сочийы Олимпиадæйы рæстæг. Олимпаг хъæуы сцалцæг кæнынæн Италийы балхæдтой самшиты талатæ, се ‘хсæн фæзынд самшиты огневкæйы гæлæбу. Дарддæр зианхæссæг апарахат æппæт Краснодарыл, Адыгея æмæ Абхазийыл, рахызт экологон катастрофæмæ æмæ цагъды фесты кавказаг реликтон самшиты хъæдтæ.
Ам сæйраг роль хъазы зайæгойты баласт нæ бæстæмæ, цæстдарæг орган хъуамæ æнæмæнг сбæрæг кæна зайæгойтæ алы низтæй.
Ныртæккæ Дзæуджыхъæуы златкæйы зианæй æфхæрд æййафынц бирæ туйæ бæлæстæ, æмæ куы ницы архайд цæуа, уæд нæ горæты æмæ нæ хæхты цы æхсæлы æмбæлы, уыдонмæ рахиздзæн.
Хъæндилимæ тохы фадæттæ бирæ не сты. Йæ къуыдыргæлмытæ цæрынц бæласы цъары бын. Бæлас куы фæбур вæййы æмæ йæ къалиутæ хус кæнын куы райдайынц, уæ уый ууыл дзурæг у æмæ бæлас æфхæрд баййæфта æнæхъæнæй. Хицæн къалиуты ракæнд ницы дæтты. Иунæг эффективон мадзал у æрмæстдæр æфхæрд бæлæсты акалд. Æндæр фадæттæ нæй, уымæн æмæ химион хоскæнынад горæтцæрджытæн æрхæсдзæн зиан. Профилактикæйы хуызы, цæмæй бæлас ма фæрынчын уа, уый тыххæй йын ис йæ алыварс хъацæн бакалын æмæ сæ донæй бапырх кæнын.
Вазыгджын ма у сæрдыгон златкæйы ног фæлтæры ратахт ма ауадзын. Уыцы рæстæг бæлæстæ хосæй ныппырх кæнын ратдзæн фадат уымæн, цæмæй зианхæссæг ма æрбынат кæна ног бæласыл æмæ йæ ма фæрынчын кæна.