ЦИПУ-йы ректор Огъуаы Алан сæмбæлд, РЦИ-Аланийы фæндзæм  æрсидты фæсивæдон парламенты уæнгтæмæ чи бацыд, университеты уыцы студенттимæ. Фидæныл хъуыдыгæнгæйæ сын рауад тынг бæстон ныхас, сæ куыстæй цы хатдзæгтæм æнхъæлмæ кæсынц, ууыл. Фæлтæрд хистæртæ та сын загътой разæнгардгæнæн ныхæстæ.

Фæсивæдон парламенты хыгъдмæ бацыдысты экономикæ æмæ разамынды æмæ юридикон факультетты 12 студенты – Бутаты Сæрмæт, Гуыбаты Арсен, Хуыбецты Георгий, Хатъати Дианæ, Туаты Эммæ, Цæрикъати Марат, Ходы Алыксандр, Тæсойты Давид, Батыров Марат, Гаглойты Дзантемыр, Куыдзиаты Азæмæт, Мурасты Дзерассæ. Иутæн дзы фæсивæдон парламентмæ бахызт фыццаг хатт нæу.

Æрыгон минæвæрттæ радзырдтой ректорæн сæ фæндтæ, æхсæнадон-политикон дæсныйадмæ сæ цы сразæнгард кодта, уыдæттæ.

Огъуаты Алан раарфæ кодта студенттæн æмæ фæнысан кодта, сæ размæ бæрнон хæс кæй лæууы, республикæ æмæ нæ университеты ивддзинæдтæ аразæг кæй уыдзысты, уый фæдыл. Дзырдта сын, сæхи дæнцæгæй хъуамæ кæй разæнгард кæной сæ алфамбылай чи ис, уыдоны, цæмæй ивой æмæ рæзой, сæрмагонд хæзнатæ ма рох кæной – цыфæнды уавæры уæздан адæмаг уæвын, æххуыс кæнын, хиуыл æмæ зондахастыл кусын.

«Ахсджиаг хабæрттыл æргом дзурын уæ бон кæм у, уый сымахæн фыццаг къæпхæн у. Сæйраг нысан – уæхи дæнцæгæй æвдисут, гæнæн кæмæн нæй, ахæмæй кæй ницы ис. Цæуыл дзурут, уымæ бæрнон цæстæй кæсут, уымæн æмæ уæ алы ныхас дæр адæймагыл ахады. Мах иууылдæр иу нысанмæ цæуæм – нæ республикæ фæхуыздæр кæнынмæ, уыцы нысанмæ цæугæйæ фæндаг та алчи æвзары йæхæдæг. Аивдзинад сымахæй райдайы!» – загъта ректор.

Фæсивæдон политикæ æмæ административон куысты проректор Кокайты Алан студенттæн фæдзæхста, цæмæй активонæй архайой университеты царды æмæ хи хъæппæристæ хъарой.

Фембæлды рæстæг студенттæ бахастой, университеты разамынды зæрдæмæ тынг чи фæцыд, ахæм фæндонтæ дæр.  Студенттæй иу радзырдта, ирон культурæ æмæ истори чи парахат кæны, ахæм националон-патриотон медиапроекты тыххæй. Ныхас ма цыдис ЦИПУ-йы бындурыл ирон спорты музей æмæ фæсивæдон экономикон форумы  сарæзты хъæппæрисыл. Ректор ныфс бавæрдта, университет цæттæ кæй у баххуыс кæнынмæ, уыцы фæндтæ сæххæст кæнынæн.

Алан Огоев встретился со студентами, ставшими членами молпарламента республики