Уæрæсейы Боны агъоммæ ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан хорзæхджынгонд æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путины арфæйы гæххæттæй йæ профессионалон архайды тыххæй. 

Арфæгонд æрцыд бирæ азты йæ зæрдæргъæвд куысты, бæрзонд квалификацийы аккаг специалистты бацæттæ кæныны æмæ наукон-педагогон архайды тыххæй.

Кадджын хæрзиуæгæй Огъуаты Аланы схорзæх кодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергæй Меняйло. Президенты номæй арфæйы гæххæтты аккаг ма сси ЦИПУ-йы историон факультеты уæрæсейаг историйы кафедрæйы сæргълæууæг Бзарты Русланы дæр.

Алану Огоеву вручили благодарность Президента РФ Владимира Путина