Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты фыццаг хатт рауагъдонтæн сæ дипломтæ кадджын уавæры радтой университеты историон бахизæны. Рауагъдонтæ истой сæ дипломтæ æмæ дарддæр ЦИПУ-йы асинтыл æрхизгæйæ, цыдысты, комкоммæ æмæ фæсномыджы хуызы, стыр цардмæ.
Æдæппæт сырх диплом райсæг рауагъдонтæ уыдысты 368. Уыдонæй 134 райстой дипломтæ иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ.
Рауагъдонтæн сæ дипломтæ лæвæрдтой регионалон барады минæвæрттæ: РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Алибегты Эллæ, РЦИ-Аланийы вице-премьер Платы Альбинæ, РЦИ-Аланийы экономикон рæзты министр Сокаты Марат, Дзæуджыхъæуы АМС-ы сæрдар Милдзыхты Вячеслав, Дзæуджыхъæуы минæвæртты Æмбырды сæрдар Таболты Сергей, Дзæуджыхъæуы АМС-ы сæрдары хæдивæг Ходы Мæдинæ æмæ дзюдойæ æппæтдунеон дыууæхаттон уæрæсейаг чемпион Тасойты Инал.
Рауагъдонтæн, декантæн, ахуыргæнджытæн æмæ ныййарджытæн раарфæ кодта ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан.
«Университет фыццаджыдæр у, хистæрæй кæстæрмæ чи цæуы, ахæм традицитæ. Алы сгуыхты фæстæ лæууы зондамонæг, ахуыргæнæг, декан. Абон мах æнхъæлмæ кæсæм нæ рауагъдонтæй ног уæлахизтæм. Æз уын арфæ кæнын, студенттæ уæвгæйæ зæрдæргъæвдæй кæй куыстат æмæ уæ царды сæйрагдæр къæпхæнтæй иуыл кæй схызтыстут. Ног æнтыстдзинæдтæ уын æмæ уын арфæ кæныны 2025 азы рауагъдонтæ!», – загъта Огъуаты Алан.
Дипломтæй уæлдай ма студенттæн радтой 104 компетенциты паспорты. Уый у профессионалон зонындзинæдтæй пайда кæныны къæпхæны документ, фидæны, куыстмæ цæугæйæ, студентæн уый уыдзæн уæлæмхасæн бонус.
Дипломтæ раттыны фæстæ аивæдты факультеты студенттæ равдыстой театралон номыр, рауагъдонтæ азарыдысты Едзиты Алибек æмæ Мурад Исматуллаевимæ зарæг ДДТ «Это все, что останется после меня». Фембæлды кæрон срæсугъд кодта Султан «Ураган» Хажироков.









