ЦИПУ-йы психологон-педагогон факультеты студенткæ Анастасия Дейнека йе ‘мкъай Гозойты Хетæгимæ сæ къухтæ æрфыстой II Æппæтуæрæсеон чындзхасты фестиваль «Россия. Соединяя сердца»-йы. Ацыд Мæскуыйы Националон центр «Россия»-йы. Уыцы бон ма сæ къухтæ æрфыстой 200 къайы нæ бæстæйы алы регионтæй.
«Нæ республикæйы номæй ахæм егъау фстивалы архайын у стыр кад. Цы атмосферæ дзы уыд, уый баиу кодта алы культурæтæ, зæрдиаг арфæтæ, худæндзаст цæсгæмттæ… Бузныг ахæм бæрæгбонæй, мах бавзæрстам уарзондзинады сыгъдæг æмæ рæсугъд æнкъарæнтæ. Ацы цау дзурдзыстæм нæ сывæллæттæн æмæ уыдоны сывæллæттæн. Ацы бон мæнæй никуы уыдзæн рох», – загъта Настя Дейнека.
Анастасия æмæ Хетаг сты волонтерты къорд «Добрая воля»-йы уæнгтæ. Фæсивæд æххуыс кæнынц фронтæн, æрвитынц хæстонтæн тепловизертæ, рацитæ, дронтæ, чъиритæ, цыхт æмæ нæлхæ. Анастасия Дейнека у аттестацигонд ирвæзынгæнæг, фронты æххуысы волонтерты къорды активон архайæг. Гозойты Хетæг – МЧС-ы сержант, йæ удуæлдай архайды тыххæй акци «Мы вместе»-йы æххуысы Уæрæсейы Президент Владимир Путины майданæй хорзæхджынгонд.
Студентка СОГУ вступила в брак на II Всероссийском свадебном фестивале


