ЦИПУ-йы географи æмæ геоэкологийы факультеты аспирант Дмитрий Радь Мæскуыйы «Уæрæсейы регионты Марафон»-ы бакаст йæ доклад Цæгат Ирыстоны тыххæй.
Мадзал ацыд Уырыссаг географион æхсæнады мæскуыйаг штаб-квартирæйы. Архайдтой дзы Уæрæсейы Федерацийы 50 регионæй минæвæрттæ, блиц-форматы ирдæй равдыстой сæ райгуырæн бæстæтæ.
Цæгат Ирыстоны номæй марафоны архайдта ЦИПУ-йы географи æмæ геоэкологийы факультеты аспирант Дмитрий Радь. Йæ доклады «Северная Осетия: южный портал России» радзырдта нæ республикæйы тыххæй, Уæрæсе Фæскавказ æмæ Æввахс Скæсæнимæ бæттæг портал кæй у. Бæстон æрлæууыд æртæ ахадгæ фæндагыл: Æфсæддон-Гуырдзиаг, Æфсæддон-Ирон æмæ Транскавказаг автомагистраль, стæй, æндæр ахсджиаг объекттыл – Цæгат-Кавказаг æфсæнвæндаг æмæ æхсæнадæмон аэропорт «Владикавказ».
Йæ доклады иу хай ма нывондгонд уыдис Иран æмæ Арменийы ‘хсæн культурон бастдзинæдтæн Ирыстонимæ. Уый хыгъд ма Дмитрий радзырдта ЦИПУ-йы ахадындзинады тыххæй Иранимæ культурон бастдзинæдтыл æмæ йе ‘мгуыстадыл Тегераны Алламе Табатабаийы номыл университетимæ. Афтæ 2019 азы ЦИПУ-йы байгом кодтой бюст зындгонд персайнаг поэт, эпикон поэмæ «Шахнаме»-йы автор Фирдоусийæн, 2025 азы та Алламе Табатабаийы университеты байгом кодтой бюст ирон поэт Хетæгкаты Къостайæн. Дмитрий ма йæ доклады радзырдта Цæгат Ирыстоны делегацийы тыххæй Ереваны, йæ сæргъы Огъуаты Алан. Уым сæмбæлдысты Уæрæсейы минæвар Сергей Копыркинимæ, Уæрæсейаг-армайнаг университеты ректор Эдвард Сандухянимæ æмæ скæсæнзонынады институты директор Гарик Асатрянимæ, уырыссаг æмæ армайнаг уæлдæр ахуырадон уагдæтты æмгыустадыл баныхас кæныны фæдыл.
«Марафон регионов России» ацыд Уырыссаг географион æхсæнады VI Фестиваль «Чудеса России»-йы фæлгæтты. Марафон здæхт у Уæрæсейы Федерацийы субъектты историон, культурон æмæ æрдзон хъæздыгдзинæдтæ равдисынмæ.
Аспирант СОГУ представил Северную Осетию в марафоне Русского географического общества

