ЦИПУ-йы экономикæ æмæ разамынды факультеты 3-æм курсы студент æмæ физикон культурæ, спорт æмæ фæсивæды хъуыддæгты Фæсивæдон парламенты комитеты сæрдар Хуыбецты Георгий архайдта Æппæтуæрæсеон фæсивæдон ахуырадон форум «Территория смыслов»-ы æмæ загъта йæ хъуыдытæ.

Мадзал уыд ног фæндтæ æмæ разæнгарды гуырæн. Студент куыд загъта, афтæмæй форумы программæ уыд алывæрсыг æмæ йæ архайджытæ уыдысты бæрзонд къæпхæны аккаг. Уæрæсейы алы ргионтæй 600 æрыгон раззагдæр архайæгæй фылдæр æрæмбырд сты иумæ, цæмæй æрдзурой хирæзтыл, политикæйы актуалон фарстатыл æмæ æхсæнады райрæзтыл.

Уæлдай зæрдæмæхъаргæ æнкъарæнтæ сæвзæрын кодтой, мадзалы чи раныхас кодта, уыдон. Се ‘хсæн уыдысты политикæйы дæснытæ, куыд УФ фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров, УФ Паддзахадон думæйы сæрдар Владимир Володин, ЦИК-ы сæргълæууæг Элла Панфилова, политикон партиты разамонджытæ – Геннадий Зюганов («Коммунистическая партия»), Владимир Васильев («Единая Россия»), Леонид Слуцкий («Либерально-демократическая партия России») и Алексей Нечаев («Новые люди»).

Форум уыдис активон æмвæнд архайджыты ‘хсæн фæзуат. Ам ныхас цыдис проекттыл, фарстаты алывæрсыг хынцинæгтыл, арæзт цыдысты мастер-класстæ. Форумы атмосферæ феххуыс ис фидар бастдзинæдты сæвзæрдæн, æрыгон активистты ‘хсæн кæрæдзийæн пайда æмгуыстыл баныхасæн.

Студент экфака стал участником форума «Территория смыслов»