XI Æппæтуæрæсеон преми «За верность науке»-мæ курдиат бадæттæн ис майрæмы мæйы 17-æм бонмæ сайтыл https://zavernostnauke.ru/.

Æрвылаз Æппæтуæрæсеон преми «За верность науке»-йæ схорзæхджын кæнынц наукон сгуыхтыты рапарахаты æмæ Уæрæсейы Федерацийы зонадон дæсныйады престиж бæрзонд æмвæзадыл уæвынæн се сгуыхт æнтыстыты фæдыл зонадон коммуникацийы хайады. 2022 азы Преми нымад у, Уæрæсейы Президент куыд фехъусын кодта, Дæсгай азты наукæ æмæ технологиты сæйрагдæр проекттæй иуыл.

Ацы аз Преми нысан кæндзысты 11 номинацимæ гæсгæ. Уый хыгъд ма «Специальный приз к 80-летию атомной промышленности». Йæ уæлахиздзаутæн балæвар кæндзысты Госкорпораци «Росатом»-ы бацæттæгонд атомон ледоколыл балц. Хæрзаудæн фонд «Искусство, наука и спорт» та уæлахиздзауты схорзæхджын кæндзæн æхцайы фæрæзтæй.

Приемийы архайын сæ бон уыдзæн, уæрæсейаг наукæ чи парахат кæны, уыцы ахуыргæндтæн, журналисттæн, прес-службæты кусджытæн. Афтæ ма, профессионалон наукон дæсныйады престиж бæрзонд æмвæзадыл дарынмæ зынгæ бавæрæн чи бахаста æмæ фыдыбæстæйон наукон сгуыхтытæ чи парахат кæны, бизнесы ахæм минæвæрттæ дæр. Кадджын уавæры хорзæгонд церемони ацæудзæн Мæскуыйы кæфты мæйы кæрон.

Ма ауадзут курдиат бадæттынмæ фадат: https://zavernostnauke.ru.

Фæрстытæ: zavernostnauke@minobrnauki.gov.ru