Краснодары Дивноморскы хъæуы ацыд Æппæтуæрæсеон семинар-фембæлд Профцæдисы регионалон хайæдты специалисттæ æмæ уæлдæр ахуырадон уагдæтты кусджыты фыццагон прфоцæдисон хайæдты сæрдарты æмбырд.
Мадзалмæ æрæмбырд сты нæ бæстæйы 8 федералон зылдæй 100 архайæгæй фылдæр. Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университетæй семинары архайдта университеты фыццагон профцæдисон уагдоны сæрдар Бады Зауырбег.
Семинары фæткмæ бацыдысты уæлдæр ахуырады системæйы райрæзты бындурон фæрстытæ. УФ уæлдæр ахуырад æмæ наукæйы министры хæдивæг Андрей Омельчук радзырдта уагдоны куысты сæрмагонддæр фæзилæнты æмæ уæлдæр ахуырадон уагдæтты æхцайы фæрæзтæй ифтонгдзинады тыххæй.
Уæрæсейы ахуырад æмæ наукæйы Министрады экономикон политикæйы департаменты директор Хъаныхъуаты Аслан радзырдта департаменты дæсныйады хатдзæгтæ æмæ 2026-æм азы пъланы тыххæй.
Æппæтуæрæсеон Профцæдисы ахуырады сæрдар Солодилова Ларисæ загъта, социалон æмгуыстад кæнын ахсджиаг кæй у социалон-куыстадон бартæ хъахъхъæныны æмæ закъонæвæрд куыд æххæст цæуы, уымæ цæстдарды фæрстытæ лыггæнгæйæ.
Ахуырад æмæ наукæйы Министрады кадрон политикæйы департаменты директор Алексей Свистуновимæ ацыд комкоммæ ныхас. Дзырдтой уæлдæр ахуырады системæйы социалон-куыстадон къабазы актуалон проблемæтыл.
Семинары фæлгæтты скодтой хатдзæгтæ XI Æппæтуæрæсеон конкурс «Траектория успеха»-йæн. Цæгат-Кавказы федералон зылды Профцæдисы актив бацахста кадджын æртыккаг бынат нæ бæстæйы федералон зылдты ‘хсæн.
Завершилась работа Всероссийского семинара работников профсоюзов образования




