Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ацыд Беслæны æвирхъау цауты амæттæгты ном ссарынæн мадзал.
Университеты студенттæ, ахуыргæнджытæ æмæ кусджытæ æдзæмæй алæугæйæ æрымысыдысты 2004 азы рухæны мæйы 1-3-æм бонты æвирхъау теракт кæй цард айста, уыдоны.
Æмбырды раныхас кодта ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан. Уый æрхъуыды кодта сæрмагонд тыхты, МЧС, Росгварди, спецназ «Альфа» и «Вымпел»-ы архайджыты. «Абон сымахмæ у мæ ныхас, сæ ном рох макуы уæд. Уыдон нæ фарсмæ нал сты, фæлæ сымах сæ бæсты ахуыр кæнут, райгонд ут, тырнут æнтыстытæм, æххуыс кæнут, цæмæй нæ бæстæ, нæ республикæ уа тыхджын æмæ зондджын. Уый уыдзæн нæ дзуапп терроризмæн», – загъта Огъуаты Алан.
Æмбырды кæрон студенттæ уæларвмæ суагътой 334 урс шары – рухæны мæйы бонты чи фæмард, уыдоны нымæц.
Номмысæн мадзал дарддæр ахæццæ кодтой ЦИПУ-йы Концертон залы. Уым ацыд киноныв «Беслан. Три дня навсегда»-йы равдыст, бацæттæ йæ кодтой Æппæтуæрæсеон æхсæнад Знание-йы æххуысæй. Кинонывы хъайтартæ – Беслæны фыццæгæм скъолайы ахуырдзаутæ, радзырдтой, куыд фæуæлахиз сты сæ зындзинадыл, куыд бахъомыл сты, се сгуыхтытыл æмæ сæ цард куыд сарæзтой, ууыл. Фæлæ сæ уæддæр уыцы трагеди рохуаты кæй никуы уыдис. Кинонывы тыххæй йæ ныхас загъта режиссер Наталья Штонда.





