Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университет уыдис фæсивæдон политикæйы фæрстытæ равзарыны фæдыл æмбырды фæзуат. Йæ архайджытæ уыдысты Цæгат Ирыстон æмæ Нижегородский бæстуаты фæсивæдон парламенты минæвæрттæ.
Æмбырды кадджын уазджытæ уыдысты Нижегородский бæстуаты Фæсивæдон парламенты закъонæвæрæн æмбырды сæрдар Татьяна Баранова, Нижегородский бæстуаты закъонæвæрæн æмбырды депутат Игорь Рузанкин, Рхизфарсы районы минæвæртты æмбырды сæрдары хæдивæг Куыдзойты Ритæ, РЦИ-Аланийы Фæсивæдон парламенты сæрдар Куыдзиаты Азæмæт.
ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Аланы номæй архайджытæн раарфæ кодта университеты фæсивæдон политикæйы управленийы сæргълæууæг Ханайты Измаил. Йæ зæрдæ архайджытæн загъта конструктивон ныхас æмæ пайдайаг куыст.
Архайджытæ кæрæдзийæн дзырдтой сæ фæлтæрддзинадыл, æрныхас кодтой, фæсивæды чи ‘ндавы, ахæм актуалон фæрстытыл, æрхастой дæнцæгтæ, социалон проблемæтæ регионалон æмвæзадыл куыд æвзарын хъæуы, уый фæдыл.
Мадзалы фæлгæтты Татьяна Баранова рæгъмæ рахаста Нижегородский бæстуаты Фæсивæдон парламенты структурæ æмæ йын фæнысан кодта йæ дæсныйады бындурон фæзилæнтæ. Куыдзиаты Азæмæт та радзырдта, Цæгат Ирыстоны фæсивæдон парламенты сæрмагонд хъæппæристæ æмæ проекттыл, стæй, регионалон барады органтимæ æмгуыстыл.
Фæсивæдон парламенты минæвæрттæ дзырдтой профилон комитетты куыстыл æмæ æххæстгонд хъæппæристыл.




