ЦИПУ-йы психологон-педагогон факультеты студенткæтæ систы Цæгат Кавказаг ахуырадон форум «Каспи»-йы архайджытæ.
Бестауты Данæ, Габеты Элинæ æмæ Кæркуысты Арианнæ архайдтой патриотон хъомыладæй дискуссийы, барвæндады райрæзты æмæ фæсивæдон æхсæнады цифрон трансформацийы.
2025 азы форуммæ æрæмбырд 600 архайæджы Уæрæсейы æппæт регионтæй. Форумы фæзилæнты ‘хсæн уыдысты волонтерство æмæ айти-технологитæ. Ацы аз форумы темæ уыд «Уæлахизы 80 азы Æхсæнадæмон корпус», сæйрагдæр мадзал та уыдис реконструкци «Кавказы Тох»
Форум саразджытæ уыдысты Республикæ Дагестаны фæсивæдон хъуыддæгты Министрад æмæ фæсивæдон хъуыддæгты Федералон агентад.




